Цæцæны Сæргълæууæджы æвзæрстытæ

0
68

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Цæцæны Республикæйы Сæргълæууæджы равзæрстыты мадзалы. Кадджын уазджыты ‘хсæн уыдысты Уæрæсейы алы регионты æмæ фæсарæйнаг минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ, дины кусджытæ.

УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка фæнысан кодта, Цæцæны Республикæйы рæзтмæ, æхсæнадон уавæр æмæ регионы социалон-экономикон архайд фидардæр кæныны хъуыддæгтæм Рамзан Кадыров цы зынгæ æвæрæн бахаста, уый.

– Рамзан Ахматы фырты разамындæй республикæйæн бантыст бирæ фарстаты бæрзонд бæрæггæнæнтæм схизын. Фыдыбæстæйы хъуыддæгтыл йæ æнувыддзинад, цæцæйнаг адæмы хæрзамонд æмæ иудзинад, республикæйы рæзт систы йæ сæйраг нысантæ. Уырны мæ, йæ разамынды фæлтæрддзинад дарддæр дæр ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ кæй схиздзæн, – загъта Æххæстбарджын минæвар.

Рамзан Кадыров зæрдæ бавæрдта дарддæр дæр регионы адæмы цард æмæ бартæ хъахъхъæнынæй, куыд загъта, афтæмæй уый йæ хæс æмæ стыр бæрнондзинад у адæм æмæ нæ бæстæйы Президенты раз.

– Рамзан канд йæ фыд Ахмат-Хаджи Кадыровы фæдон нæ разынд, фæлæ йын йæ хъуыддæгтæ дарддæр æххæст кæны. Республикæйы сæргъы кæдæй лæууы, уыцы рæстæг республикæ æнцон æмæ хуымæтæг фæндагыл нæ рацыд. Абон нæхи цæстæй уынæм йæ фыдæбæтты бæрæггæнæнтæ, хуыздæрырдæм куыд аивта регион, уый. Зæрдæбынæй арфæ кæнын Рамзан Ахматы фыртæн йæ райгуырæн бон æмæ йæ ног куысты бынаты фæдыл. Мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад, Цæцæны æмæ йæ адæмы хæрзамондæн йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтæд, – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here