Бахыгътой бæрæггæнæнтæ

0
64

РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты комитеты бахыгътой, терроризмы ныхмæ темæ «Чистое небо»-йы фæдыл цы конкурс арæзт æрцыд, уым журналистты æппæты хуыздæр куыстытæ равзæрстой. Къамисы æмбырды архайдтой: ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты декан Хæбæлаты Фатимæ, политологи æмæ философийы кафедрæйы сæргълæууæг Дзæхаты Ларисæ. Æмбырд амыдта ведомствæйы разамонæг, журналистикæйы факультеты рауагъдон Эльдар Афашоков.

Конкурсмæ хаст куыстытæй сбæрæг кодтой уæлахиздзауты æртæ номинацийы. Номинаци «Мыхуыры æппæты хуыздæр æрмæг»-ыл нымад æрцыд ирон филологийы факультеты рауагъдон Гасанты Валерийы æрмæг. Номинаци «Хуыздæр радиоæрмæг» æмæ «Хуыздæр цæстуынгæ æрмæг»-ы та фæуæлахиз сты Хъороты Нелли æмæ Къæбулты Иринæ. Къамисы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй, ахæм конкурсты архайын ахъаз у терроризмы ныхмæ алыхуызон тематикон æрмæджыты хæрзхъæддзинад бæрзонддæр кæнынæн. ЦИПУ-йы эксперттæ та фæнысан кодтой, темæйы ахадындзинад нырыккон информацион тыгъдады профессион æгъдауæй вазыгджын кæй у æмæ, ахæм темæтыл фыссынæн дæр журналистты  цæттæдзинадмæ фылдæр æргом здахын кæй хъæуы, уый.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here