Рухстауæг, ахуыргæнæг, наукон архайæг

0
16

Гуыриаты Хъæвдыны фырт Гагуыдзы ном хъуыстгонд уыд ивгъуыд æнусы ссæдзæм азты. Разæнгардæй архайдта фольклор æмбырд кæныны хъуыддаджы, уыд æвзагиртасæг, æнтыстджынæй куыста ирон-уырыссаг-немыцаг дзырд-уатыл. Брытъиаты Елбызды-хъойы сабибонтыл æрмæгæй баххæст кодта ирон драматургийы бындурæвæрæджы биографи. Уыд Дзæуджыхъæуы литературон къорды разамонæг. Фæстæдæр йæ уæнгтæй бирæтæ систы ирон культурæйы зындгонд архайджытæ, нæ литературæйы классиктæ. Уыдонимæ Малиты Георги, Плиты Грис, Хъайтыхъты Геор, Бесаты Тазе, Мамсыраты Дæбе æмæ ма бирæ ‘ндæртæ.

Ирон æвзаджы рæзтмæ, йæ орфографи æмæ грамматикæмæ, терминтæ иртасынмæ, райдиан скъолайæн чингуытæ иронау фыссын æмæ мыхуыры уадзыны хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахаста Гуыриаты Гагуыдз. Йæ рухстауæн куыст баст у, 1924 азы йын Адæмон ахуырады хайад ирон æвзагыл скъоладзаутæн цы «Райдайæн чиныг» ныффыссын бахæс кодта, уый мыхуыры кæй рацыд, уыимæ. Райдиан кълæсты ахуырдзаутæн уыд нырыккон абетæйы хуызæн, йæ тираж – 4000 экземпляры. Латинаг дамгъæтæй дзы уыд фыст: «Хæххон адæмты Рухсады комиссариат ацы чиныг саккаг кодта райдиан кълæсты сывæллæтты ахуыр кæнынæн Ирыстоны скъолаты». Чиныгкæсæг базоны, «йæ нывтæ йын иууылдæр нывæфтыд скодта Гусаты Сократ, уыцы нывтæй хæххон цард чи ‘вдисы, ахæмтæй 40 бæрц ныффыста Тугъанты Махарбег», зæгъгæ, уый тыххæй. Ахуыргæнæн чиныг арæзт уыд дыууæ хайæ: фыццаджы – сывæллæттæ ахуыр кодтой ирон дамгъуат, дыккаджы – мадæлон æвзагыл аргъæуттæ, уыци-уыцитæ, алыхуызон темæтыл фыст радзырдтæ. Сæ алкæй фæстæ дæр дзы уыд фæрсыны хай. Алы уацмысы раз дæр ис равæрд темæйыл нывтæ, стæй, ахуырдзаутæн нывтæм гæсгæ куыст – æрхъуыды сыл кæнын хъуыд радзырд. Чиныджы кæрон – ирон дамгъуат, йæ фæстæ сыфæй дамгъæты ис ралыг кæнæн æмæ сæ хъæбæр гæххæттыл баныхасæн. Афтæмæй-иу сабитæ дамгъæтæй дзырдтæ æмæ дзырдбыдтæ сарæзтой. «Ацы абетæй кæй куыд ахуыр кæнат, афтæ йæ ралыг кæнут æмæ йæ хъæбæр гæххæттыл баныхасут ахуыр кæнынæн», – фыст уыд æмбарынгæнæн тексты. Афтæ лæмбынæг ыл хуымæтæджы нæ дзурæм. Гæнæн ис, æмæ, сæдæ азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы ахуыргæнæн чиныгæй ныры райдиан кълæсты ахуыргæнджытæ дæр пайда кæной, уæлдайдæр – йæ дыккаг хайæ.

Нæ рæстæджы æмбырдгонд ногæй рухс федта ЦИ НИИ рауагъдады, стыр куыст бакодта йæ авторы тыххæй историон наукæты доктор Мæрзойты Исламбег. Йæ уацхъуыд «Ирыстоны наукон интеллигенцийы историйæ: Гуыриаты Гагуыдз»-ы бæлвырдæй  ныффыста йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй:

–  Цымыдисæй куыстон æрмæгыл, цас фылдæр хабæрттæ ‘ргом кодтон, уыйбæрц мын цымыдисдæр уыд кусын. Куырттаты комæй рацæуæг лæппумæ цас хъару, ныфс æмæ фæразондзинад разынд йæ адæмы культурæ, хиæмбарынад, рухстауæн куыст, ахуырад парахат кæнгæйæ, – зæгъы Исламбег. Чи уыдис Гуыриаты Гагуыдз, уыимæ уæ базонгæ кæндзыстæм нæ газеты æрмæджы.

Æрмæст рæзгæ фæлтæрæн не скодта чиныг, Гæдиаты Цомахъимæ бацæттæ кодтой хистæр кары адæмæн дæр ахуыргæнæн чиныг «Ахуырдзинады рухс», мыхуыры 10000 тиражæй рацыд 1925 азы, Мæскуыйы. Фæстæдæр ма йæ алы азты ныммыхуыр кодтой æхсæз хатты. Йæ сарæзт стыр ахъаз фæцис Цæгат Ирыстоны ахуырад парахат кæнынæн. Ирон æвзаджы хъысмæтыл зæрдæйæ кæй рыст, уымæн æдисæн, Ирон педагогон техникумы æхсæнад иртасæг циклы къамисмæ цы гæххæтт балæвæрдта, уый. Ныхас дзы цæуыл цыд, уый æрхæсдзыстæм цитатæйæ: «Куыд Ирпедтехникум, афтæ Ирыстоны иннæ скъолаты æмæ рухстауæн уагдæтты дæр нæй мадæлон æвзагыл литературæ, уый тынг къуыхцы кæны ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг. Йæ аиуварс кæнынæн ногæй ныммыхуыр кæнын хъæуы, ирон æвзагыл нæм цы литературæ ис, алы азты зæронд шрифтæй чи ‘рцыд мыхуыргонд, уыцы чингуытæ, уыдонимæ, Къостайы «Ирон фæндыр». Мыхуыры рауадзын хъæуы Брытъиаты Елбыздыхъо, Гæдиаты Секъа, Гулуты Андрей, Малиты Георги, Къубалты Алыксандр æмæ иннæ фысджыты уацмыстæ. Ныммыхуыр кæнын хъæуы æрыгон фысджыты уацмыстæ се ‘ппæт дæр, уæлдай нæу, премитæ сын лæвæрд æрцыд æви сын къухфыстæй сты, стæй алы азты газеттæ æмæ журналты чи рацыд, уыцы уацмыстæ».

Гуыриаты Гагуыдз уыд «Хохæгты ‘хсæн ахуырад æмæ техникон бæрæггæнæнтæ парахат кæныны æхсæнад»-ы, фæстæдæр ЦИ НИИ чи сси, уыцы историкон – филологон æхсæнады, стæй рауагъдадон æхсæнад «Ир»-ы разамонæг. Ирон æвзагыл бацæттæ кодта йæ ахуырдзауты сфæлдыстадон куыстыты æмбырдгонд, куыд Ирон фæлварæн-дæнцон скъолайы архайды хатдзæг. Алы азты мадæлон æвзагыл скъолаты ахуырдзаутæ, стæй хистæртæн цæттæ кодта ахуыргæнæн чингуытæ. Уырыссаг æвзагæй иронмæ тæлмац кодта хъæууонхæдзарадон литературæ, архайдта, ирон æвзаг сахуыр кæнынмæ чи тырны, уыдонæн дзырдуат саразыныл. Бантыст ын саразын терминологон дзырдуат дæр.

Нæ разагъды лæгæн сæйрагдæр уыд педагогон куыст, фæлæ, уымæй уæлдай, архайдта, зæронд адæмæй кæй хъуыста, уыдон фыссын æмæ сæ ‘мбырдгондæй мыхуыры уадзыныл. Баркадджын рауад йæ ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады чиныг. Бацыдысты йæм Нарты кадджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, фольклорон æрмæджытæ. Кадæггæнджытæ, стæй Нарты кадджытæ иттæг хорз чи зыдта, ахæм адæймæгтæ Гуыриаты мыггаджы уыд æртæ адæймаджы: Мысырбийы фырт Вано, Самсыхъойы фырт Хъылцыхъо æмæ Гагуыдзæн йæхи фыд Хъæвдын. Йе сфæлдыстадон, рухстауæн, иртасæн куыстытæ йын иу ранмæ æрæмбырд кæн, уæд бæркадджын кæй у йæ къухвæллой, цы хæрзты бацыд ирон адæмæн, уый алчи банкъарид.

Кæд алыхатт йæ къухвæллой алкæй зæрдæмæ нæ цыд, йæ архайды раз цæлхдуртæ ‘взæрд, уæддæр йæ ныфс нæ саст, йæ куыстыл комдзог нæ цыд. Гагуыдз Дзæуджыхъæуы Ленины уынджы цы хæдзары цард, уый нæ рæстæджы нымад æрцыд культурон бынтæ хъахъхъæныны объектыл.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here