Зæхх æмæ фосдарынады куыстмæ æмхиц чи у, йæ цард хъæууон хæдзарадимæ сбæттын кæй фæнды, уыдонæн ис диссаджы хорз фадат. Ныр фæндзæм хатт Хæххон паддзахадон аграрон университеты йæ куыст райдыдта проект «Фермерты скъола». Сæ курдиæттæ чи балæвæрдта, уыдоны ’хсæн сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, æрыгон бинонтæ, юристтæ, ахуыргонд æмæ хъæууон хæдзарады фыццаг къахдзæфтæ чи акæндзæн, ахæм фæсивæд.
Ацы хатт 30 адæймаджы æрбацыдысты ардæм, цæмæй райсой ног зонындзинæдтæ, ног фæлтæрддзинад, Программæ цардмæ уагъд æрцыд Уæрæсейы Хъæууон хæдзарады министрад æмæ «Россельхозбанк»-ы архайдæй. Цымыдисаг рæстæг æнхъæлмæ кæсы фидæны фермертæм хæстæгдæр 2,5 мæйы – лекцитæ, практикон ахуыртæ, экскурситæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахуыртæ лæвар кæй сты, æфсæддонтæ æмæ уыдоны бинонтæ та æнæ конкурсæй бацæуынц ацы скъоламæ.
– Фæндзæм сезоны программæмæ ивддзинæдтæ бахастам. Цæмæй æнтыстджын фермертимæ æмбæлой, сæ куыстимæ зонгæ кæной, уый тыххæй-иу арæхдæр сараздзыстæм куыстуæттæм балцытæ. Махæн «Фермерты скъола» у размæцыдæн æххуыс, уымæн æмæ нæ рауагъдонтимæ бацæттæ кæнæм иумæйаг проекттæ, уыдон фæстæдæр арæх свæййынц нæ студенттæ, – загъта скъолайы 5-æм проект гом кæнгæйæ университеты проректор Фидараты Светланæ.
Арфæйы ныхæстимæ «Фермерты скъола»-йы ног ахуырдзаутæм фæсидтысты РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь æмæ «Россельхозбанк»-ы цæгатирыстойнаг бизнесы рæзты центры директор Мзокты Олег.
Аграрон университет æмæ «Фермерты скъола» хорз фидауынц иумæ, ныридæгæн сын ис истори, традицитæ, уыдон разæнгард кæнынц проекты архайджыты ног æнтыстытæм.
Фæндзæм сезон гом кæнгæйæ, иууылдæр уыдысты бæрæгбонхуыз. Раздæры рауагъдонтæ бацæттæ кодтой сæ фермерон продукцийы равдыст, алкæмæн дæр дзы уыдис саходыны фадат.
Иу фæлтæрæй иннæмæ чи цæуы, уыцы «Фермерты скъолайы рауагъдоны кодекс» Киситы Олег ратта скъолайы ног ахуырдзаутæн. Фидæны фермертæ райстой хæслæвæрд, уыдон сæххæстгæнгæйæ сын университеты номæй уыдис зæрдылдарæн лæвæрттæ, уыдонимæ – декоративон кæсагахсæнтæ дæр.
Куыд загътой, афтæмæй проекты, стæй университеты цæттæйæ «кæсаг» нæ дæттынц, фæлæ йæ, цæмæй æрцахсай, уымæн гæнæнтæ. Ацы сувениртæ сты зонындзинæдтæ æвдисæг, агропромышленнон комплексы зæхх æмæ фосдарынады куысты чи архайдзæн, уыдонæн сæ фæндтæ цæмæй сæххæст уой, уымæн.
Кадджын мадзал фæцис, æмæ райдыдтой ахуыртæ. Ацы хатт цæудзысты дыууæ къабазы – «Фермерон хæдзарады рацарæзт» æмæ «Кæсагдарынад»-ы. Кæронмæ чи ахæццæ уа, уыдон райсдзысты дипломтæ профессионалон цæттæдзинады тыххæй.
Махъоты Мæдинæ














