Рауагъдады ног архайд

0
27

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыдис регионалон рауагъдад «ИР»-ы рæзты фарстатыл.

Мадзалы архайдтой РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров, РЦИ-Аланийы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Карова, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Андрей Швецов, Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Эльдар Афашоков, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Цæболты Отар æмæ рауагъдад «ИР»-ы директор Хацырты Олеся.

Æмбырды архайджытæ æркастысты рауагъдады рæзты фарстатæм, йæ лæггæдты хæрзхъæддзинад бæрзонддæр кæныны, киоскты активондæр куысты нысантæм, ныхас ма кодтой мыхуыры продукци фылдæр уадзыны хъуыддæгтыл. Куыд сбæрæг, уымæ гæсгæ, 2026 азы рауагъдад «ИР»-ы архайды мадзæлттæн æрвыст æрцыд 12 милуан сомы æхца. Паддзахадон хæстæ æххæст кæныны бындурыл электронон аудиочиныг, «Литрес» кæй хонынц, уыцы цифрæйы платформæйы равæрдтой 5 чиныджы. Ноджыдæр ма 11 чиныджы рауагъдад бацæттæ кодта мыхуырмæ. Организаци архайдта чингуыты равдыстыты фондз мадзалы, се ‘хсæн – фестиваль «Красная площадь» дæр.

– Æнæмæнг, рауагъдады архайд фæтынгдæр кæнын хъæуы. Ахæм хæс нын нæ размæ сæвæрдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый тыххæй та кусын хъæуы, организацийы фæрæзтæй пайдагæнгæйæ ассортимент фæуæрæхдæр кæныныл. Ацы ран ахсджиаг хъуыддаг у, продукци нæ республикæйы егъаудæр базаргæнæн фæзты дæр æвдисын, периодикон мыхуыры популяризацийы мадзæлттæ аразын. Æппæт фарстатæ дæр æххæст кæнгæйæ, хъуыдыйаг сты нæ республикæйы цæрджыты æмæ нæ уазджыты интерестæ, – фæнысан кодта Дзанайы-фырт.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here