Журнал «Дарьял» æмæ йæ традицитæ

0
26

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты кадджын уавæры сбæрæг кодтой литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Дарьял»-ы 35 азы æмæ йæ фыццаг сæйраг редактор Тотраты Русланы 90 азы юбилейтæ.

Мадзал бацæттæ кодта ЦИПУ-йы журналистикæйы факультет, йæ сæргъы йæ декан Хæбæлаты Фатимæ, афтæмæй. Фембæлд байгомгæнгæйæ, уый радзырдта йæхи мысинæгтæ Тотраты Русланы тыххæй, арфæ ракодта журналы ныры редакцийæн, бирæ азты дæргъы дзы йæ фыццаг редактор бындур цы традицитæн сæвæрдта, уыдон кæй бахъахъхъæдтой, уый фæдыл.

– Абон журнал æмдзу кæны рæстæгимæ. Уый бахъахъхъæдта йæ цæсгом, Руслан дзы бындур цы традицитæн сæвæрдта, уыдон. Фæлæ уыцы иу рæстæг цымыдисаг у ныры журнал кæсджытæн дæр, уæлдайдæр та æрыгон фæсивæдæн. Уымæ гæсгæ арфæ кæнын редакцион коллеги æмæ йæ сæйраг редактор Цыхуырбаты Аланæн, – загъта Хæбæлаты Фатимæ.

Цыхуырбаты Алан дæр радзырдта йæ студентон азты мысинæгтæ журналы тыххæй æмæ, ныр йæ рауадзыныл цы куыст цæуы, уый тыххæй.

– «Дарьял» йæ равзæрды фыццаг бонтæй фæстæмæ æнгом баст уыд ЦИПУ-йы журналистикæйы факультетимæ. Мах ма студенттæ куы уыдыстæм, уæд æй чидæр æрбахаста факультетмæ, æмæ уæд сбæрæг, фæсивæды уацмыстæ зæрдиагæй чи мыхуыр кæны, ахæм журнал кæй ис, уый. Уый махæн уыд æххуыс æмæ ныфсы хос дæр. Уый куы нæ уыдаид, уæд абон æз ам нæ бадин æмæ сæйраг редактор дæр нæ уаин, – загъта Цыхуырбаты Алан.

Уæлдай æргом сæйраг редактор аздæхта, афæдз иу хатт цы фæсивæдон номыртæ рацæуынц, уыдоныл куыст куыд цæуы, æмæ фæбæрæг кодта, æрыгон авторты рæзтæн уыдонæн цы стыр ахадындзинад ис, уый. Фæсивæдæн бафæдзæхста журналимæ æмгуыст кæнын, сæ уацхъуыдтæ æмæ уацмыстæ куыд æрвитой редакцимæ.

Тотраты Руслан æмæ журналы рæзты тыххæй сæ мысинæгтæ загътой: ЦИПУ-йы журналистикæ æмæ медиакоммуникациты кафедрæйы доцент Хозиты Барис, ирон филологийы факультеты декан Гуытъиаты Эльмирæ, Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуы наукон центры «Скифтæ æмæ аланты тыххæй иртасæнты центры», наукон-иртасæн хайады разамонæг Сæлбиты Тамир æмæ литературон журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ.

Фембæлды практикон хайы фæлгæты бакастысты докладтæ æмæ бацæттæ кодтой афæлгæст журнал «Дарьял»-ы алы азты номыртыл. Уый фæахъаз уыдзæн нырыккон литературон процессы рæзт æмæ фæлтæрты ’хсæн бастдзинæдтæ фидар кæныны хъуыддагæн.

ГÆБУАТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here