Фембæлд – æрыгон разамонджытимæ

0
31

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд президенты платформæ «Уæрæсе – гæнæнты бæстæ»-йы, «Эльбрус», зæгъгæ, Уæрæсейы раздзогты клубы хай чи у, «Обучающие экспедиции», зæгъгæ, уыцы проекты архайджытимæ.

Фембæлды архайдтой республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Алыбегты Эллæ, ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Андрей Швецов æмæ Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзгойты Станислав.

Фараст адæймаджы цы къорды ис, уый æрцыд Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй бынаты базонгæ уа, бæрæггæнæнтимæ архайыны хъуыддаг ахуырады къабазы куыд арæзт у, уыимæ æмæ эксперттимæ иумæ рахæссын ахæм уынаффæтæ, цæмæй системæ куса ноджы хуыздæр. Ацы проект æххæстгонд кæм цæуы, Цæгат Ирыстон у Уæрæсейы æртæ ахæм регионтæй иу. Иннæ дыууæ сты Мæскуы æмæ Кемеровойы облæсттæ.

Сергей Меняйло уазджытæн арфæ ракодта æмæ загъта, «Уæрæсейы раздзогтæ», зæгъгæ, ацы конкурсы чи архайдта, уыдонæн сæ къухы ныридæгæн дæр бафтыд бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын, кусджытæн разамынд дæттыны программæйы фæрцы та сæм фæзынд стыр фæлтæрддзинад.

– Сæ курдиаты, фæллоймæ уарзондзинады, ныфс æмæ фидардзинады фæрцы æрыгæттæ куы басгуыхынц, уæд уый у иттæг хорз. Конкурс «Уæрæсейы раздзогтæ»-йы чидæриддæр архайдта, се ‘ппæт дæр сты уæлахиздзаутæ. Фæлæ дарддæр дæр хъæуы размæ цæуын. Уæ зæрдыл æй бадарут – разамонæг хъуамæ зона раст æмæ дæсны уынаффæтæ хæссын, уыимæ, уæззау æмæ тыхст рæстæджыты дæр. Афтæ куы уа, уæд дзы рауайдзæн дæсны разамонæг. Ахуырады къабазы та нæм ис раппæлинаг хъуыддæгтæ, уæлдай фылдæр нын бантыст фæстаг фондз азы. Архайдзыстæм дарддæр дæр, æмæ нæ фæлтæрддзинадæй уын рæдауæй фæхай кæндзыстæм, – загъта Сергей Меняйло.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг хъæугæ амынддзинæдтæ радта æрыгон разамонджытæн. Алчи дзы загъта йæ хъуыды.

Бæрæг куыд у, афтæмæй проект «Обучающие экспедиции» æххæстгонд цæуы Уæрæсейы Федерацийы Рухсады министрады хъæппæрисæй.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here