Къомайты Русланы номыл Космонавтикæйы скъолайы «Космосон кълас» Æппæтуæрæсеон конкурс «Космосон турнир»-ы кæй фæуæлахиз, уый йæ ахуырдзаутæн фадат ратта фыдыбæстаг ракетон-космосон къабазы раззагдæр уагдæттимæ базонгæ кæнынæн.
Сæ балцы рæстæг лæппутæ æмæ чызджытæ уыдысты Ю.А.Гагарины номыл Космонавттæ цæттæгæнæн центры фондз объекты æмæ базонгæ сты космонавттæ цæттæгæнæн инфраструктурæимæ – центрифугæ æмæ гидролабораториимæ.
Сæ программæ уыдис хъæздыг, бабæрæг кодтой Ракетон-космосон корпораци «Энерги», уымæй уæлдай ма – куыстуаты дыууæ музейы æмæ дзы федтой ракетон техникæйы историон хуызæгтæ, уыдонимæ — ракетæтæ Р-1 æмæ Р-7.
«Космосон кълас»-ы хъомылгæнинæгтæ ма уыдысты Космонавтикæйы музейы æмæ дзы архайдтой космосы тыгъдад æрхион кæнын (освоение) æмæ фыдыбæстаг космонавтикæйы рæзты историйы тематикон программæ æмæ экскурсийы.
Балцы профессионалон хайы кæронбæттæны ирыстойнаг чызджытæ æмæ лæппутæ бабæрæг кодтой С.А.Лавочкины номыл Наукон-кондадон иугонд. «Космосон кълас»-æн сарæзтой экскурси куыстуаты музейы, уыйфæстæ та – фидæны специалистты нысанон ахуырад æмæ профессионалон цæттæдзинады фарстатыл цæлхæмбырд.
Фембæлд сарæзта кадрты службæйы разамонæг Светлана Коган. Архайдтой ма дзы куыстуаты минæвæрттæ, уыдонимæ – цæттæгæнæн æмæ рæзты хайады хицау Марина Ефремова.
Уæлдай зæрдæмæхъаргæдæр уыдысты Марина Викторы чызджы ныхæстæ Къомайты Русланы тыххæй. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй не ‘мзæххон æрмæст курдиатджын конструктор нæ уыд, фæлæ йæ куыстуаты мысынц йæ зæрдæхæлардзинад æмæ
æххуыс раттынмæ цæттæдзинады тыххæй.
«Космосон кълас»-ы ахуырдзаутæ ацы балцы руаджы федтой къабазы раззагдæр куыстуæтты архайд, базонгæ сты фыдыбæстаг космонавтикæйы историимæ æмæ ракетон-космосон къабазы дарддæры профессионалон рæзты гæнæнтимæ.
Къомайты Русланы номыл Космонавтикæйы скъола йæ размæ ‘вæрд нысантæ æххæст кæны национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы фæлгæты, æмæ ахæм фембæлдтытæ ахсджиаг сты – скъоладзаутæн фадат дæттынц, цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдон реалон дæсныйæдтимæ сбæттын æмæ космонавтикæ æмæ ракетæтæ аразыны къабазы сæ дарддæры ахуыры фидæнмæ акæсынæн.
АГЪНАТЫ Алетæ














