Ныр дыккаг хатт Дзæуджыхъæуы сарæзтой хъуыстгонд кафæг æмæ балетмейстер Битарты Зауырбеджы номыл æппæтадæмон фестиваль. Профессионалон сценæйы «Хъаматимæ кафт» фыццаг чи акодта, уыцы артист куыста Кавказы кафты ансамбльтимæ, стыр æвæрæн бахаста национ хореографимæ.
Хъыгагæн, Битарты Зауырбеджы ном рæстæгмæ рохуаты баззад, фæлæ йæ ахуырдзау, зындгонд кафæг Козаты Зелимы хъæппæрис æмæ Битарты мыггаджы æххуысæй уавæр сраст кæнын къухы бафтыд, æмæ аивадуарзджытæн кафты диссаджы бæрæгбон балæвар кодтой.
Æппæтадæмон дыккаг фестиваль-конкурс «Заурбек» цыдис Цæгат Ирыстоны Ирон академион театры сценæйыл. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, конкурсы арæнтæ фæпарахатдæр сты. Кафджыты арæхстдзинадæн аргъ кодтой дыууæ номинацийы: «Чызг æмæ лæппуйы иумæйаг кафт» æмæ «Хъаматимæ кафт»-æн. «Хъаматимæ кафт»-æй фестиваль байгом кодта паддзахадон ансамбль «Алан». Адæмон традицитæ æмæ нырыккон сценæйы аивад – уый у фестиваль «Заурбек»-ы сæйраг темæ.
Конкурсы архайджытæ æмæ уазджытæн арфæйы ныхæстæ загъта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, æмæ, адæмон сфæлдыстады традицитæ бахъахъхъæнынмæ стыр æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй къорд адæймаджы схорзæхджын кодта РЦИ-Аланийы Парламенты Кады грамотæтæй. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фестиваль иумæйаг культурон традицитæй кæрæдзиуыл бæтты нæ бæстæйы алы регионты минæвæртты. Парламенты Сæрдар радзырдта Зауырбеджы хъысмæты тыххæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Уæлахизы фæстæ йæ цард снывонд кодта аивадæн.
Уæлладжыры комы, Садоны, 1917 азы рай-гуырд лæппу. Раджы баззад сидзæрæй, хъомыл кодта Мæскуыйы сидзæр сывæллæтты хæдзары. Уым рабæрæг йæ курдиат, æмæ йæ раттой балеты училищæмæ. Фæстæдæр Битары-фырт сси артист, педагог, балетмейстер. Сарæзта кафты хорз коллективтæ, схъомыл кодта профессионалон кафджыты æнæхъæн фæлтæр. Уæлдай рæсугъддæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр уыд Зауырбеджы кафт хъаматимæ. Йæ ахуырдзаутæ ацы цыренгæнæн кафт æппæт Кавказы регионты апарахат кодтой.
Жюрийы уæнг, Уæрæсейы адæмон артист Докку Мальцагов комкоммæ зонгæ уыд Зауырбегимæ ивгъуыд æнусы 60-æм азты.
– Уыдис æцæг хохаг лæг, хиуылхæст, интеллигент. 1965 азы Цæцæн-Мæхъхъæлы республикæйы паддзахадон ансамблæн цы кафт сывæрдта, абон уый искуы иуы къухы бафтдзæн.
Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Рамзан Ахмадов ныр дыккаг хатт архайы фестивалы.
– Æнæмæнгæй, ацы кафты бæрæгбон афæдзмæ сырæзыд. Фылдæр сты йæ архайджытæ æмæ нæ бæстæйы алы рæттæй хореографийы дæснытæ. Сæрыстыр дæн, жюрийы уæнгæй мæ кæй фæхуыдтой, уымæй, – загъта Рамзан Ахмадов.
– Æмбал кæмæн нæй, ахæм дæсны кафæг, ахуыргæнæг æмæ балетмейстер уыдис Зауырбег. Хæрзæрыгонæй, мæ амондæн, сæмбæлдыстæм, сахуыр мæ кодта, стæй мын бауарзын кодта ирон кафт. Йæ иузæрдион архайдæй, 16-аздзыдæй кафын райдыдтон паддзахадон ансамбль «Алан»-ы. Уыцы бирæ хорздзинæдтæн рохгæнæн нæй, – загъта Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг Козаты Зелим.
Фестиваль цæмæй рухс фена æмæ бирæ адæмæн æхсызгондзинад æрхæсса, уыцы хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахастой Битарты мыггаг.
Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, сæ зындгонд фыдæлы ном сног кæныны хъæппæрис равдыста йæ ахуырдзау Козаты Зелим.
– Цæмæй Зауырбеджы ном ма ферох уа, уый тыххæй сарæзтам фестиваль, йæ ирд курдиат хъуамæ зоной абоны æмæ фидæны фæлтæртæ. Зелимы ацы ныхасимæ æз разы дæн. Уæлдай æхсызгон у, ацы фæзуатыл иумæ кæй æмбæлынц алы фæлтæрты, алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, – загъта Битарты Вячеслав.
Сценæйыл иу иннæйы фæстæ сæ арæхстдзинад æвдыстой кафджытæ, рæсугъд – сæ уæлæдарæс, сæрæн – сæ акъахдзæф.
Хъаматимæ кафты фыццаг бынат æмæ æхцайы преми 300 мин сомы райста горæт Краснодары минæвар Даниэль Малхасян.
Гугкаты Жаннæ,
къамтæ систа Татьяна Шеходанова














