Бæстон ныхас – ахсджиаг нысантыл

0
31

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Алагиры районы цæрджытимæ. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы хицау Гобеты Ибрагим, æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты, бынæттон хиуынаффæйады администрацийы кусджытæ, барадхъахъхъæнæг оргæнты, цæстдарæг структурæты минæвæрттæ.

Ацы фембæлды рæстæг Сергей Меняйло æрбацæуæг адæмы базонгæ кодта Алагиры районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дойаты Ибрагимимæ. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг ног раза-монæджы базонгæ кодта, район цы къуылымпытæ æвзары, уыдонимæ. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ Дойы-фырт æппæт уыдæттæм аздаха уæлдай æргом.

Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй бавнæлд домынц зæххы фарстатæ, закъоны сæрты ацы ран бирæтæ ахизынц. «Уый тыххæй уавæр банывыл кæнын хъæуы, æмгуыстад саразын хъæуы æххæстгæнæг хицаудзинадимæ, барадхъахъхъæнджытимæ, прокуратурæимæ», – бафæдзæхста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг. Районы размæ бирæ хъуыддæгтæ лæууы, уыдонимæ –
Республикон пульмонологон рынчындоны арæзтад, цæрджыты курдиæттæ æмæ хъæстытæ дæр сты æнæмæнг æххæстгæнинаг.

РЦИ-Аланийы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй Фыййагдоны поселочы Пульмонологон рынчындоны арæзтадыл баныхас чындæуыд Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ кусæг фембæлды рæстæг. Цыппар азы æнхъæлмæ
кастысты æхцамæ, ныр цæст фæдарын хъæуы арæзтадмæ æмæ фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, уымæ. «Адæмы тыххæй кæй кусы алы разамонæг дæр, адæмы сæраппонд, сæ хорз-дзинæдтыл, уый та хъуамæ иуæй дæр рох ма уа. Мæхæдæг, куыд респуликæйы Сæргълæууæг, афтæ цæттæ дæн æххуысмæ, район цæмæй тыхсы, цы йæ хъыгдары размæ цæуын, уыдæттæ хъуамæ уынат, архайат сыл», – загъта Сергей Меняйло.

Фембæлды рæстæг ма рæгъмæ рахастæуыд æндæр ахсджиаг фарстатæ, нысантæ. Æрныхас кодтой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты уавæрыл, социалон къабазыл, хæрзвадæттæ аразыныл, фæндаггон инфраструктурæйы рæзтыл, адæмæн куысты бынæттæ дæттыныл, фæзуаты размæцыдыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here