Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО æмæ Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады министр Оксана ЛУТ Мæскуыйы кусæг фембæлды рæстæг æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны агропромышленнон комплексы райрæзты гæнæнтыл æмæ къабазæн дæсны кусджытæ цæттæ кæныны фарстатыл.
Ацы аз нæ республикæйы агропромышленнон къабазæн баххуыс кæныны тыххæй федералон бюджетæй хъуамæ радих кæной 1,9 миллиард сомы. Уыцы æхцатæй баххуыс кæндзысты фермертæн æмæ хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн, «Хъæууон территориты иуæймаг райрæзт»-ы программæмæ гæсгæ сæ социалон объекттæ цæмæй сног кæной, уый тыххæй.
Комплексы раззагдæр къабæзтæй, раздæрау, у цæхæрадæттæ аразыны куыст. Афæдзы развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, дыргътæ æмæ гагадыргъты тыллæг республикæйы уыдзæн 50 мин тоннæйы бæрц, уымæй размæйы азимæ абаргæйæ, 12 проценты фылдæр.
Сæрмагонд ныхас фембæлды цыд агропромышленнон къабазæн дæсны кусджытæ цæттæ кæныныл. «Кадры в АПК», зæгъгæ, ацы федералон проекты фæлгæты нæ республикæйы астæуккаг аст скъолайы агротехнологон кълæстæн ифтонггæрзтæ балхæнынæн, стæй ахуыргæнджытæн æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты специалисттæн уæлæмхасæн мызд фидынæн дихгонд æрцæудзæн 47,9 милуан сомы.
Ахсджиаг сты агро-кълæсты дарддæры рапарахат кæнын æмæ хъæуты цæрæг адæмы уавæртæ хуыздæр кæныны фарстатæ. «Хъæууон территориты иумæйаг райрæзт»-ы паддзахадон программæ царды рауадзыны тыххæй фæстаг æхсæз азмæ
республикæ федералон бюджетæй райста 5,1 миллиард сомы.
Сергей Меняйло арфæ ракодта Оксана Лутæн, Цæгат Ирыстоны агропромышленнон къабазы райрæзтмæ æмæ регионалон хъæппæристæм ахæм лæмбынæг цæстдард æмæ æххуыс кæй ис, уый тыххæй, стæй бафиппайдта, федералон министрадимæ дарддæр дæр æмгуыст кæй кæндзысты, уый.
– Агропромышленнон къабазы ахсджиагдæр фарстатæ лыг кæнын æмæ нæ хъæууонхæдзарадон кусджытæн æххуыс кæныны тыххæй дарддæр дæр иумæ архайдзыстæм. Уый фæрцы хъæуты цæрæг адæмы уавæртæ дæр кæндзысты хуыздæр. Ахсджиаг у хъæууон хæдзарады дарддæры размæцыдæн æххуыс кæнын, нырыккон технологитæй царды пайда кæнын æмæ куыстады хъомыс фылдæр кæнын, – загъта Сергей Меняйло.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














