Кадджын хистæр – царды фидауц

0
18

Абон дæр ма хорзæн æрымысынц Джанайты Темболаты фырт Хетæджы йæ ахуыргæнинæгтæ. Црауы, стæй Къостайыхъæуы бирæ азты фæкуыста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Къостайы райгуырæн Нармæ хæстæг уыд хохаг хъæу Елгона, уым 1921 азы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн царды рухс федта, дарддæр цы дзырддзæугæ хистæрыл цæудзæн ныхас, уыцы Джанайты Хетæг. Йæ райгуырды 105 азы фæдыл номарæн изæр уыд Црауы скъолайы.

Чысыл ма уыд, афтæмæй Джанайты бинонтæ хохæй быдырмæ хуыздæр цардагур рацыдысты æмæ ‘рцардысты Къостайыхъæуы. Сывæллæтты кæстæрæй æнхъæлцау уыд йæ мад, афтæмæй Темболат цардхъуагæй ахицæн. Зын уавæрты хъомыл кодтой сæ кæстæртæ, фæлæ быхсон уыдысты, амæлттæ кодтой. Уæвгæ, уыцы заман адæм æмхуызон мæгуыр цардысты. Хетæг авд къласы каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Ирпедучилищæмæ, йæ фæуыны фæстæ кусын райдыдта Црауы скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Æфсадмæ йæм фæсидтысты, йæ граждайнаг хæс æххæст кæнгæйæ йæ æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Йæ фæуынмæ Джанайы-фырт зæхх сыгъдæг кодта æнæуынон фашизмæй. Цы уыдта, цы ‘нкъардта, уыдон фыста йæ боныджы. Фыста æмдзæвгæтæ дæр, æмæ дзы рауад бæзджын къухæйфыст чиныг. Мысæн изæры дзы цалдæры бакастысты Црауы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ.

Номарæн изæрмæ ‘рбахуыдтой йæ чызджыты – Аллæ æмæ Ирæйы, йæ хъæбулы хъæбул Агънаты Ацæмæзы, Хетæджы хойы чызг Хетæгкаты Беллæйы, Къостайыхъæуы скъолайы директор Джиоты Арсены, Алагиры районы Ветеранты совет æмæ Ныхасы минæвæртты. Æгъдаумæ гæсгæ, се ‘мзæххоны номарæн изæрмæ сæмбæлдысты йæ уарзон хъæуы цæрджытæ. Районы Ветеранты советы сæрдар Икъоты Руслан куыд бафиппайдта, афтæмæй хæсты фæстæ азты скъолаты фылдæр куыстой сылгоймæгтæ, стæй, фронтæй чи сыздæхт, уыцы нæлгоймаг-ахуыргæнджытæ:

– Сæ фæрцы скъолаты кæддæриддæр уыд фæтк. Архайдтой, цæмæй ахуырдзаутæ фылдæр зонындзинæдтæ райсой, æгъдауджынæй хъомыл кæной, æмæ сæ къухы æфтгæ дæр кодта. Уыдонæй иу уыд Хетæг дæр. Йæ фæрцы Црауы, Къостайыхъæуы скъолаты рауагъдонтæ æгъдауджынæй цыдысты адæмы размæ, – загъта Ветеранты советы сæрдар.

Годжиаты Хъазыбег – районы Ныхасы сæрдары хæдивæг, фæсидт изæрмæ чи æрбацыд, уыцы æрыгон фæлтæрмæ:

– Джанайты Хетæг уе скъолайы сымах хуызæн кæстæрты хъомыл кодта. Хæстæй куы сыздæхт, уæд та – Къостайыхъæуы ахуырдзауты. Уыдæттæ рохгæнинаг не сты.

Сæ зæрдыл æй дарынц йе ‘мхъæуккæгтæ, Къостайыхъæуы скъолайы раздæры æмæ ныры ахуыргæнджытæ, стæй йæ ахуырдзаутæ. Уымæн æвдисæн, мысæн изæры скъолайы ныры директор Джиоты Арсены зæрдæбын раныхас. Сæ кадджын фыды тыххæй изæры архайджытæн сæ мысинæгтæ фæдзырдтой йæ чызджытæ Аллæ æмæ Ирæ. Аллæ дæр, йæ ныййарджытау, йæ цард снывонд кодта ахуыргæнæджы куыстæн, у Уæрæсейы иумæйаг ахуырады сгуыхт кусæг. Ирæ бирæ азты фæллой кодта чингуыты рауагъдад «Ир»-ы. Уæдæ, йæ хойы чызг Хетæгкаты Беллæ дæр у ирон æвзаг æмæ литературæйы фæлтæрдджын ахуыргæнæг. Хетæг кæстæрты хорз хъуыддæгтæ аразынмæ цы скъолайы ахуыр кодта, уым. Сæ хистæры фарн йæ кæстæртæ мæрдтæм цæуын нæ бауагътой.

– Алы хатт дæр нын къаддæр бæрæггæнæнтæ æвæрдта, адæм афтæ куы зæгъой, йæхиуæтты иннæтæй уæлдæр кæны, зæгъгæ. Ахуыргæнæг мын уыдис, æстæм къласы хъуамæ дзургæ фæлварæн раттаиккам. Мæ фыд тыргъмæ тамако дымынмæ рахызт æмæ, йемæ цы ахуыргæнæг иста фæлварæн, уый мæ фæмидæг кодта, уый та дын ныр дæр иттæг хорз бæрæггæнæн нæ сæвæрдзæн, зæгъгæ. Æцæгæйдæр мын «фондз» никуы сæвæрдта. Билет систон æмæ дзуапп дæттынмæ хъуамæ мæхи бацæттæ кодтаин. Ахуыргæнæг мын афтæ, æнæ цæттæйæ, дам, ратт дзуапп. Цы зыдтон, уый радзырдтон, æмæ мын «фондз» сæвæрдта. Рацæуын фæлварæнæй, æмæ мæ фыдимæ дуарыл хæрхæмбæлд фестæм.

Раздæр-иу фæлварæны фæстæ ныййарджытæ скъоламæ хуын æрбахастой, нывæцæнæй фæлварæн раттам, æмæ, цалынмæ бæрæггæнæнтæ æвæрдтой, уæдмæ-иу бадтысты. Мæ фыд нæхимæ ссыд, æз та цъайæ дон æрбахастон. Дзуры мæм, «фондз», дам, дын æвæрдтой нывæцæнæй, æмæ сæ нæ бауагътон. Цæуылнæ, зæгъгæ, йæ фæрсын. Цыппар дæр, дам, хорз бæрæггæнæн у,– хъæлдзæг хабæрттæ сæ бинонты цардæй ракодта йæ чызг Аллæ.

Йæ гыццылæй фæстæмæ ахуыргæнæг суæвынмæ тырныдта Хетæджы иннæ чызг Ирæ, каст фæцис, йæ фыд кæм ахуыр кодта, уыцы факультет. Йæ фæнд фæстагмæ аивта, 50 азы бакуыста рауагъдады корректорæй, стæй та – редакторæй. Номарæн изæры ракодта, йæ фыд бинойнаг куыд æрхаста, уыцы хабар:

– Йæхæдæг мын æй дзырдта. Мæ мад фарныхъæуккаг чызг уыд, Таутиаты Зинæ. Мæ фыдимæ иумæ ахуыр кодтой. Хæстæй куы ссыд, уæд Беслæны базармæ ацыд, комкоммæ бацыд Зинæйы æфсымæр Пуцырмæ æмæ йын афтæ зæгъы: «Мæ дæргъ дæр мын уыныс, мæ уæрх дæр. Дæ хойы мын дæттыс, æви нæ?» Омæ, дам, ай фосы базар у, æмæ дын ацы ран мæ хойы куыд раттон. Разыйы дзуаппыл æй банымадта мæ фыд, æмæ уыйадыл дыууæ мыггаджы бафидыдтой.

Алы аз дæр 9 Майы, цалæй сты, уалæй Джанайты Хетæджы цот æрæмбырд вæййынц сæ фыды хæдзары, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард хъæубæстæй, уыдоны цыртдзæвæныл сæвæрынц дидинджытæ, сæ ном ссарынмæ æрбацæуынц скъоладзаутæ дæр. Джанайты хæдзармæ-иу æрбацыдысты йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ, фæбадтысты-иу йемæ, фæныхæстæиу кодтой. Уый дæр-иу сын фæдзырдта йæ хæстон хабæрттæ, уыдон та йæм лæмбынæг хъуыстой. Фæткæвæрд ныр дæр нæ халынц йæ цот, æрмæст æм ныр уæлмæрдмæ бацæуынц йæ ингæныл дидинджытæ сæвæрынмæ, йæ рухс ном ын ссарынмæ.

Бирæ арфæйы ныхæстæ загътой юбилейон номарæн изæры архайджытæ йæ саразæг Лаурæ Касимовайæн. Сылгоймаг бæстон радзырдта дзырддзæугæ хистæры царды тыххæй, йæ хæстон фæндæгтæ, сфæлдыстад æмæ йын царды цы бирæ хорздзинæдтæ бантыст саразын, уыдоны тыххæй. Æнусæй фылдæр рацыд йæ райгуырдыл, фæлæ абон дæр зонынц, нымайынц æмæ сæ зæрдыл дарынц сæ кадджын хистæры Црау æмæ Къостайыхъæуы, йæ фæстæ цы фæлтæртæ ныууагъта Джанайты Хетæг, уыдон.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here