«Тæрсын Хуыцауы зæрдæхудтæй…»

0
48

Граждайнаг хæсты таурæгъон хъæбатыр Василий Чапаевы ном, æвæццæгæн, канд Уæрæсейы нæ, фæлæ раздæры Советон Цæдисы республикæты дæр абон рох нæу – ахæм диссаджы æхсар, лæгдзинад æмæ хæстон зонындзинæдтæй зындгонд уыди æмæ у абон дæр.

Уыди Коммунистон партийы уæнг, советон хицаудзинады фарс иузæрдион хæцæг. Иуахæмы йæ комиссар Клычковимæ кæдæмдæр цыдысты тачанкæйы. Ныхас сын бацайдагъ, дзырдтой сæ хæстон хабæрттыл, царды иннæ фарстатыл. Иу уысмы Клычков бафиппайдта, Чапаев йæхиуыл дзуар куыд бафтыдта, уый, æмæ йæ дисгæнгæ бафарста: «Æмбал Чапаев, Хуыцауыл æууæндыс? Коммунист куы дæ?» Василий Иваны фырт исдуг ницы сдзырдта, стæй йæм æдзынæг ныккаст: «Коммунистæн дæр йæ бар йæхи нæу? Фæнды дæ – æууæнд, фæнды – ма æууæнд. Æз æууæндын, æмæ уымæй кæй хъыгдарын? Уæвгæ… чи зоны, æмæ не ’ууæндын… Мæгъа…»

– Уæдæ дзуар цæмæн бафтыдтай дæхиуыл? – нал æй уагъта комиссар.

– Æрфæндыди мæ, æмæ бафтыдтон, – дзуапп ын ратта Чапаев. Стæй арф ныуулæфыд æмæ радзырдта иу цауы тыххæй йæ сабийы бонтæй. Цæвиттон, гыццыл лæппуйæ, сæ хæдзары цы уазныв уыди, уымæй цыдæр гыццыл зынаргъ хай сусæгæй ахаста. Балхæдта дзы харбыз æмæ йæ мондæгтæ суагъта. Цалдæр боны фæстæ та афтæ тынг фæрынчын, æмæ ма тыххæй фервæзт. Йæ мад базыдта уазнывы хабар æмæ дзы йæхæдæг мысайнæгтæ февæрдта, æхсæвæй-бонæй куывта Хуыцаумæ, хатыр куырдта… Æхсæз къуырийы бæрц фæхуыссыди гыццыл Вася, тынг смæллæг, фæлæ йæ къæхтыл æрлæууыд. «Уыйфæстæ ма æз, кæд искæй мулк, дзаумамæ бавналон, суанг искæй дыргъдонæй фæткъуытæ рахæссын дæр нал уæндыдтæн, – сабыргай кодта йæ хабæрттæ Чапаев. – Фæтарстæн, æвæццæгæн. Нæмгуыты æхситт хъуыды дæр не ’ркæндзынæн знагимæ быцæуы рæстæг, фæлæ уыцы хъуыддагæй та мæхи хизын, Хуыцауы зæрдæхудтæй тæрсын…»

Ахæм хабæрттæ дæр уыдис зындгонд æмæ намысджын Чапаевы царды…

(Д.Фурмановы чиныг «Чапаев»-æй,
бацæттæ йæ кодта Хæмыцаты Морис)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here