Къабаз рацараздзысты

0
22

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО архайдта УФ-йы коммуналон хъæбæр æппарæнтимæ баст къабаз рацаразыны фæдыл æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий ПАТРУШЕВ.

Æмбырды архайдтой профилон ведомствæты æмæ хъуыддагыл дзуапдæттæг компаниты разамонджытæ, регионты сæргълæуджытæ æмæ Федералон Æмбырды минæвæрттæ.

Дмитрий Патрушев йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй регионты дарддæр арæзт цæуы къабазы инфраструктурæ – ацы аз уал кусын райдыдтой аст ног объекты. Ног аз та пълангонд цæуы 16 объекты саразын æмæ сæ скусын кæнын. Уымæ гæсгæ, Хицауады Сæрдары хæдивæджы уынаффæ æххæст кæнгæйæ, УФ-йы Æрдз хъахъхъæнынады министрад æмæ Уæрæсейаг экологон оператор æппæт хъуыддæгтæ дæр сбæрæг кодтой.

Бырон æппарынæн контейнерты фæзуæттыл ныхас куы рацæуа, уæд ацы азы райдайæнæй æлхæд æрцыд 61 мин контейнеры æмæ сын бацæттæ кодтой 10 мин фæзуаты. Льготæмæ гæсгæ лизинджы программæ кусын куы райдыдта, уæдæй абонмæ æлхæд æрцыд сæрмагонд техникæйы æмæ ифтонггæрзты дыууæ минæй фылдæр иуæджы.

Уымæй уæлдай, контейнертæ æвæрд кæм сты, уыцы фæзуæтты уавæрмæ ис хæдбар хъусдард. Сæ цæст сæм дарынц  Уæрæсейы субъектты 70 бæрхионы. Уыцы нысанимæ ма сæрмагондæй арæзт æрцыд «Экопульс», зæгъгæ, нырыккон ахæм интернет-æфтуан.

Æмбырды ма хицæнæй æрдзырдтой бырон ласыны ног хуызыл бакусыныл. Ныхас цæуы машинæйыл æппæты фылдæр æмбæлгæ уæз æвæрыныл. Фарста алыг кæныныл ныртæккæ кусы завод КамАЗ – ныридæгæн сæмбырд кодтой фыццаг шасси æмæ сæ техникæ аразæг иннæ заводтæм арвыстой. Афæдзы кæронмæ фыццаг парти – 30 машинæйы – ратдзысты регионалон оператортæ, техникæ йæхи куыд равдисдзæн, уый сбæрæг кæныны тыххæй. Машинæтæ бæрæг кæндзысты æрдзыхъæды алы уавæрты дæр.

Дмитрий Патрушев куыд бафиппайдта, афтæмæй фæстаг мæйты къабазы цæуы зынгæ ивддзинæдтæ, æмæ сæ афойнадыл хъæуы фæхæццæ кæнын, бынæтты чи кусы, уыцы специалисттæм. Уымæ гæсгæ Æрдз хъахъхъæнынады министрадæн æмæ Уæрæсейаг экологон операторæн бабар кодтой регионтимæ ахуырадон ма-дзæлттæ аразын, афæдзы кæронмæ та – уæрæсейаг семинар саразын. Уымæй уæлдай, сараздзысты хъуыддаг фæхуыздæр кæнынæн ахъазгæнæн рейтинг.

Коммуналон хъæбæр æппарæнтимæ баст къабазы рацарæзт цæуы Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары уынаффæмæ гæсгæ.

Нæ уацхæссæг  

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here