Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, муниципалон районты хицæуттæ. Ныхас кодтой республикæйы царды ахсджиаг социалон-экономикон фарстатыл.
Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Ирбег фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.
– Ивгъуыд къуырийы дæргъы республикæйы æвирхъау цаутæ бæрæггонд не ’рцыд. Цæгат Ирыстоны дыууæ районы: Горæтгæрон æмæ Мæздæджы 14 хъæуы дарддæр дæр тæссаг у зынгсирвæзтытæй, уымæ гæсгæ дзы æххæстгонд цæуы сæрмагонд уавæр. 12 октябрæй 18 октябрмæ ахуыссын кæнын бантыст 12 зынгсирвæзты, уыдонæй дыууæ – хус кæрдæг. Регионы сæрмагонд службæтæ архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæрты. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 69 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 20 адæймаджы, иу дзы фæмард ис. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты æппæт автотранспорты хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл электронон рады æнхъæлмæ кæсынц 58 автотранспортон иуæджы. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл къуырийы дæргъы дыууæрдæм ахызтысты 23730 автотранспортон иуæджы æмæ 57370 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.
Дарддæр ма æмбырды Томайты Ирбек, фехъусын кодта, Дзæуджыхъæуы ресторантæй иуы сабаты изæрæй бынæттон лæппутæ Цæцæны республикæйæ æрбацæуæг нæлгоймæгтимæ кæй фæбыцæу сты. Хыл хæцæнгарзмæ рахызт. Архайджытæй дыууæйæ бахаудтой рынчындонмæ.
Сергей Меняйло РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты æмæ Национ политикæ æмæ æддаг бастдзинæдты министрадтæн бафæдзæхста, ацы хъуыддаг сбæлвырд кæнын æмæ йæ закъоны бындурыл равзарын.
– Хъæуы, æнæмæнг, æппæт уавæртæ дæр сбæрæг кæнын: кæд æрбацыдысты нæ республикæмæ, кæм уыдысты, чи райдыдта быцæу, суанг цы балхæдтой æмæ экспертизæйы онг алцыдæр! Æхсæвыгæтты нæм ресторантæ цæмæн кусынц? Уый нæм фыццаг ахæм цау нæу. Æгъгъæд скæнын хъæуы ахæм хъуыддæгтæн. Ирыстон махæн нæ хæдзар у! Мах стæм уазæгуарзон адæм, фæлæ нæм уазæг куы ’рбацæуа, уæд хъуамæ йæхи дарын зона, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы ахуыссын кæнын бантыст 23 зынгсирвæзты, уыдонимæ – хус кæрдæджы сыгъд дæр. Ноджы ма дарддæр æххæстгонд цæуынц Хъолайы цъитийы уавæр бæрæггæнæн куыстытæ, сæвæрдтой дзы хъæугæ ифтонггарз.
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй 12 октябрæй 18 октябрмæ республикæйы æрцыд 169 фыдракæнды. Раргом кæнын дзы бантыст 96. Ивгъуыд къуырийы дæргъы æбæрæг фыдгæнджытæ цалдæр ахуыргæнæндонмæ барвыстой, террористон акты тыххæй, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ, хъусынгæнинæгтæ. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ æппæт хъæугæ мадзæлттæ саразгæйæ, сбæрæг кодтой, хъусынгæнинæгтæ мæнг кæй разындысты, уый. Дарддæр цæуынц слæстгæнæн мадзæлттæ.
«Роспотребнадзор»-ы регионалон хайад фехъусын кодта, республикæйы эпидемиологон уавæр нывыл кæй у, уый. ОРВИ-йæ рынчынты нымæц, æрвылазон бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, у 30,7 проценты къаддæр. Ахуыргæнæндæттæ æмæ рæвдауæндæтты алы райсом дæр цæстдард цæуы сывæллæтты æнæниздзинадмæ. Ивгъуыд къуыри республикæйы бæрæггонд æрцыдысты риновирус æмæ парагрипп. Ног коронавирусон инфекци бæрæггонд не ’рцыд. Рынчынты фылдæр хай сты сывæллæттæ – 72,5 проценты.
РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур æмбырды фехъусын кодта, 19 октябры Цæгат Ирыстоны хъармгæнæн рæстæг кæй райдыдта, уый. Дарддæр ма министр фæбæрæг кодта артаджы уавæр дæр:
– Республикæйы 92-æм бензины литр кæны 60 сомы, 95-æм та – 71 сомы.
Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














