46 ног хуызы автобусæй фæфылдæр Цæгат Ирыстоны автопарк. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы разамынд.
Машинæтæ ныридæгæн рацыдысты Дзæуджыхъæуы уынгтæм ахæм – №24 æмæ №30-æм маршруттыл. Æппæт автобустæ дæр ифтонг сты хæрзвадат бадæнтæй, нырыккон рухсдæттæн æмæ æдасдзинады системæтæй.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нæ республикæ хаст æрцыд, æхсæнадон транспорт сног кæнынæн 2026 азы федералон субсидитæ кæмæн радих кодтой, ахæм Уæрæсейы 14 регионы номхыгъдмæ. Ног машинæтæ ист æрцыдысты «Æхсæнадон транспорты рæзт»-ы программæ æмæ национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-мæ гæсгæ.
15 регион














