Фембæлд – æфсæддонты хиуæттимæ

0
41

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн уыдис фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтимæ.  Ахæм мадзæлттæ арæх вæййынц нæ республикæйы Сæргълæууæджы куысты рæстæг.

Ныхас цыдис, сæрмагонд æфсæддон операцийы раззагдæр тæлмы архайæг æфсæддонтæн социалон æмæ алывæрсыг æххуыс-тæ бакæныныл. Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы Разамонæджы фыццаг хæдивæг  Биасты Игорь æмæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы æбæрæгæй чи фесæфтис, уыцы æфсæддонты агурыны сæрмагонд Центры разамонæг  Арзу Мамедова.

Æфсæддонты хиуæттæ нæ республикæйы Сæргълæууæгæн сæ ахсджиаг фарстатæ бацамыдтой æмæ райстой æмбæлгæ дзуаппытæ дæр. Лыггæнинаг хъуыддæгтæ æвæстиатæй  сæххæст кæныны фæдыл профилон ведомствæтæн Сергей Меняйло бахæс кодта бæлвырд æмæ бæрæг хæслæвæрдтæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here