Ивгъуыд къуыри, 16-17 октябры, Дзæуджыхъæуы, Хъуылаты Бадзийы номыл Спортивон галуан «Манеж»-ы ацыд Æппæтуæрæсеон культурон-спортивон фестиваль «Сабыр Кавказ».
Фестиваль фæстаг 12 азы ссис Æппæтуæрæсеон, æмæ йæм Цæгат Кавказы федералон зылды цæрджытæй уæлдай, фæцæуынц Уæрæсейы æндæр регионтæй дæр. Ацы аз дзы чи архайдта, уыдоны нымæц уыди 1200.
Йæ аразджытæ йæ равзæрдæй абонмæ сты: Уæрæсейы Лæгæй-лæгмæ тохты спортивон иугонды, цæгатирыстойнаг дæлхайады уæнгтæ, сæ сæргъы – йæ сæрдар Тменаты Тамерлан, æххæстгæнæг директор Цæлыккаты Руслан æмæ йæ хæдивæг Гæцойты Эльбрус. Фестивалы лæгæй-лæгмæ тохты дæс хуызæй ерысты архайдтой: Дагестан, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Адыгей, Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны республикæтæ, Краснодар æмæ Стъараполы крайты æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ.
Ерыстæ гом кæныны мадзалы архайдтой: Тменаты Тамерлан, Цæлыккаты Руслан, Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæ, физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдар Айларты Зауыр æмæ ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Гæцойты Эльбрус. Уыдон сæ раныхасы зæрдиаг арфæтæ ракодтой фестивалы архайджытæ æмæ æппæт уазджытæн. Йæ байгом кæныны мадзал сæ аивадæй срæсугъд кодтой кафджыты ансамбльтæ «Æртхурон» æмæ «Виктория» (йæ разамонæг – Елена Фокина), Æрыдоны зарæггæнджыты къорд «Галатея» (йæ разамонæг – Хъуылаты
Фатимæ).
Фестивалы архайджытæ цы дæс хуызы лæгæй-лæгмæ тохты ерыс кодтой, уыдонæй алкæцыйы дæр цыди цымыдисаг тохтæ. Алы хуызæй дæр, хицæн спортсментæй уæлдай, фыццаг æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ бæрæггонд цыдысты командæты ’хсæн дæр.
Командæты ’хсæн 1-3-аг бынæттæ бацахстой: тхэквондойæ : 1 – КБР, 2– РЦИ-Алани, 3 – Стъараполы край. Къах-къухтæй хæст: 1 – РЦИ-Алани, 2 – Дагестан, 3 – Цæцæны Республикæ. Кик-боксинг: 1 – РЦИ-Алани, 2 – КБР. Айкидо: 1 – РЦИ-Алани, Джиу-Джитсу: 1 – РЦИ-Алани, каратэйы гом хуызæй: 1 – РЦИ-Алани, 2 – КБР. Къах-къухтæй æфсæддон хуызæй: 1 – РЦИ-Алани, 2 – Краснодары край, 3 – Дагестан. Каратэйы æхгæд хуызæй: 1 – РЦИ-Алани, 2 – Хуссар Ирыстоны Республикæ, 3 – Адыгей. Киокусинкæй: 1 – РЦИ-Алани. Киокишин: 1 – Цæцæны Республикæ, 2 – Стъараполы край, 3 – Хуссар Ирыстоны Республикæ.
Æмткæй райсгæйæ, 1-аг бынат бацахстой РЦИ-Аланийы спортсментæ, 2-бынатмæ рацыдысты Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ, 3-аг та систы Цæцæны Республикæйы спортсментæ.
Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæм рацæуджытæ хорзæхджын систы майдантæ, кубоктæ, дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.
Фестивалы ацыдæй разыйæ баззадысты Ирыстонмæ æндæр рæттæй ссæуæг уазджытæ. Уыдонæй иу, кисловодскаг лæг Алексей Скритский загъта: «Æз Ирыстонмæ кæдфæнды дæр фæцæуын æхсызгонæй. Ацы хатт та ссыдтæн мæ лæппуимæ. Уый архайдта ерысты æмæ бацахста 2-аг бынат. Ацы фестиваль нæ кæстæртæн у пайдайы хос, куыд сæ спортивон цæттæдзинад бæрзонддæр кæнынæн, афтæ æндæр рæттæй ссæуæг се ’мкар фæсивæдимæ лымæндзинад агурынмæ. Мах стыр бузныг стæм фестиваль саразджытæй».
Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Гæцойты Эльбрус загъта: «Фестиваль цæмæй æнæкъуыхцыйæ ацæуа, уый тыххæй, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр тынг зæрдиаг куыст бакодта Цæлыккаты Руслан. Мин æмæ дыууæ сæдæ æрыгон спортсмены кæм архайдтой лæгæй-лæгмæ тохты дæс хуызæй, уыцы ерыстæн хъæугæ уавæртæ саразын æнцон нæ вæййы. Русланæн та ацы хатт дæр бантыст йæ алыварс хъæугæ æххуысгæнджыты æрбамбырд кæнын, æмæ уыдон иумæ сарæхстысты ерыстæн æмбæлгæ уавæртæ саразынмæ. Æз, куыд тренер, афтæ разы дæн, нæ кæстæр фæлтæртæ сæ арæхстдзинад азæй-азмæ хуыздæр кæй кæнынц, уымæй. Æнæмæнг, ахæм ерыстæ тынг хъæуынц нæ хъомылгæнинæгты сæ дæсныйад бæрзонддæр кæнынæн».
Фестивалы æнæкъуылымпы ацыдмæ йе ’вæрæнтæ чи бахаста, уыдонæн зæрдиаг арфæ ракодта Цæлыккаты Руслан: «Ахæм ерыстæ аразыны зонд нæм æрцыди ссæдз азы размæ. Фыццагдæр сæ арæзтам, куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ нæ республикæйы районты дæр. Йæ саразыны фæнд нæм фæзынд зындгонд юридикон кусæг Генрих Падвоимæ. Уый тынг зæрдиагæй бакуыста йæ саразыныл, æмæ нæ фæнд сæххæст кодтам, нæ фарсмæ ма чи ‘рбалæууыд, уыцы тренертæ æмæ спортивон кусджытимæ. Æхсызгон у, нæ фестивальмæ æндæр рæттæй афтæ бирæ спортсментæ кæй тырнынц, уый».
Баскаты Уырызмæг














