Æргътæ, æргътæ

0
20

Горæты  маршрутон таксийы ацæуыны аргъ сырæздзæн 40 соммæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой  нæ республикæйы Транспорты комитеты.

Абон артаг, цалцæггæнæн хæйттæ æмæ адæмæн лæггæдты æргътæ уæлæмæ цæуынц. Нæ фаг кæнынц шофыртæ дæр. Цæмæй кадртæ бахъахъхъæнæм, уый тыххæй та Цæгат Ирыстоны куыстуæттæ  сæхи фæндтæ мызды фæдыл æхсæнады  размæ хъуамæ рахæссой. Ацы лыггæнинаг хъуыддæгтæ иууылдæр æвзæрырдæм ахадынц  иудадзыг автобустæ фæндæгтæм уадзыныл.  Уыимæ, транспорты ацæуыны хи аргъ  49 сомы æмæ 30 капеччы у. Уый дæр кæронбæттæн аргъ нæу, фæлæ, автобус дарыны хæрдзтæн цыдæриддæр хъæуы, артаг æлхæнын, техникæйы цалцæг, шофырты мызд – æппæт ацы фарстаты аргъ.

Ивгъуыд къуыри, горæты маршруткæты фæзындысты хъусынгæнинæгтæ, 1 ноябрæй транспорты ацæуыны аргъ кæй суыдзæн 50 сомы, фæлæ Комитет ацы хъæппæрисимæ не сразы.

Нæ уацхæссæг

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here