РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уым ныхас рауад 2026-2027 азты хъармдæттæн афонмæ цæттæдзинадыл. Архайдтой дзы хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнтæ, бынæттон хиуынаффæйады администрациты кусджытæ, фæрæзтæдæттæг организациты минæвæрттæ, «Роспотребнадзор»-ы разамынд.
Инженерон хызты нывыл куыстæй аразгæ у граждæнты уавæр, уый ома, – электрон тых, хъарм, газ. Дзанайы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй афæдзы дæргъы стыр куыст бакодтой коммуналон хызтæ баивыныл, ифтонггæрзты цалцæгыл. «Социалон объекттæ æмхуызонæй цæттæ сты фæззыгон-зымæгон афонмæ. Афтæмæй зæрдæ дарæм, æмæ сæм хъарм хæццæ кæндзæн. Хъармдæттæн афон хъуамæ æнæ къуылымпытæй ахæццæ кæнæм», – загъта Хицауады Сæрдар.
Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй куыст хъуамæ цæуа æмудæй, архайой дзы «Роспотребнадзор», «Россети» «Газпром», разамынддæттæг компанитæ. «Куыддæр исты фыдбылыз æрцæуа, ома, хызтæ не скуыстой, уæд æвæстиатæй кусæг службæтæ хъуамæ уайтагъд февналой. Сæйрагдæр уый у, æмæ нæ цæрджытæ удæнцой уавæртæй æххæст уой», – радзырдта Дзанайы-фырт.
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады разамонæг Хъараты Тимуры хатдзæгмæ гæсгæ, министрад сæхи зымæгмæ хорз бацæттæ кодтой. «Хъармдæттæн афон цæуы æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ. «Цæрæнуæтты фонд æмæ коммуналон инфраструктурæмæ базылдыстæм, раздæр цы пълан фидаргонд æрцыд, уымæ гæсгæ. Бацæттæ кодтам 243 агдоны, уыдонимæ сты æнæниздзинад хъахъхъæнынады 21 объекты, 14 – ахуырады кусæндæттæ, 7 та – æндæр социалон куыстуæттæ», – радзырдта Хъарайы-фырт.
Министры ныхасмæ гæсгæ, къуылымпытæ иуварс кæныны охыл «Донæфсисад æмæ донуадзыны республикон куыстуаты сарæзтой материалон-техникон фæрæзты фæстауæрцы фонд, аварион бригадтæ дæр цæттæ сты бавналынмæ. Ацы æмбырды ма рæгъмæ рахастой, «Россети» æмæ «Газпром»-ы объектты цæттæдзинад зымæгмæ. Кæронбæттæны Дзанайты Барис бæрнон адæймæгтæн бафæдзæхста хъармдæттæн афоны уавæртæм къурцхъус уæвын.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














