Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты фæндзай æвдæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, республикæйы прокурор Олег Апанасенко, РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Депутаттæ фыццаг бакасты равзæрстой, республикæйы Сæргълæууæг æркæсынмæ кæй бацæттæ кодта, уыцы закъонты проекттæ. Афтæ, республикæйы Сæргълæууæг бацæттæ кодта, «Æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæ æмæ сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр, Уæрæсейы Хъæбатыр Абайты Юри. Документы куыд амынд цæуы, афтæмæй, сидзæр сывæллоны ном хæсгæйæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг чи ссис æмæ Донецкы, Луганскы, Запорожьейы, Херсоны, стæй Уæрæсейы Федерацийы арæнтæм æввахс регионты хæстон цауты чи архайдта, уыдонæн, стæй, йе ‘мкъай уыцы цауты кæмæн фæмард, афтæмæй æндæр бинонтæ чи нал скодта, уыцы идæдзтæн фæфылдæр кæндзысты, ныртæккæ сын чи ис, уыцы компенсациты бæрц. Стæй, сертификаты ныры аргъæй цæрæнуат балхæнæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æхца бафтаудзысты цæрæнуаты сертификатыл дæр.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон æвзæгты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект дыккаг бакасты йæм æркæсыны тыххæй депутаттæн сæ размæ рахаста Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги. Документ фидар æмæ бæлвырд кæны паддзахадон æвзæгтæй – уырыссаг æмæ ирон æвзæгтæй пайда кæныны æгъдау: паддзахадон хицаудзинады оргæнты куысты, официалон хъуыддæгтæ æмæ документтæ аразыны къабазы, фидауынгæнæг тæрхонгæнджыты, дзыллон хабархæссæг фæрæзты архайды, наукæйы, алыхуызон объекттæн, уынгтæн нæмттæ дæттыны хъуыддаджы æмæ æндæр къабæзты. Ирон литературон æвзаджы бындурон нормæтæ амынд кæм цæуой, ахæм нормативон дзырдуæттæ æмæ бæрæгуæттæ рауадзыны хæс документ æвæры республикæйы Хицауадыл. Уымæй уæлдай, закъоны проект куыд амоны, афтæмæй, адæймаг курдиат ирон æвзагыл фыстæй куы бадæтта, уæд ын дзуапп дæр хъуамæ лæвæрд æрцæуа ирон æвзагыл. Ахæм гæнæн куы нæ уа, уæд та – уырыссаг æвзагыл, куыд паддзахадон æвзаг, афтæ.
Закъоны проектмæ каст æрцыд дыккаг бакасты, афтæмæй, закъон фидаргонд æрцыд.
Парламенты æмбырды архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Депутаттæн уый арфæ ракодта, алы аххосæгтæм гæсгæ дæс азæй фылдæр фидаргонд чи нæ цыд, уыцы закъон ныр кæй сфидар кодтой æмæ йæ тыхы кæй бацыд, уый фæдыл.
– Цæгат Ирыстон у Уæрæсейы Федерацийы хай. Рагæй-æрæгмæ дæр нæ
республикæйы цардысты алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, æмæ сæ иу кодта, се ‘хсæн цы ‘взагыл дзырдтой, уый, ома, уырыссаг æвзаг. Уæдæ алы адæмыхаттæн дæр йæ бындур, йæ хæдхуыздзинад у мадæлон æвзаг. Æмæ ацы закъонæн дæр йæ нысан у ирон æвзаг бахъахъхъæнын, стæй йын йæ дарддæры рæзтæн уавæртæ аразын. Нæ мадæлон æвзаг нæ дихтæ хъуамæ ма кæна, фæлæ нæ кæрæдзимæ æрбангом кæна. Æвзаджы тых у адæмы иугæнæг тых, æмæ нæ уый рох кæнын нæ хъæуы, уæлдæйдæр, абон цы уавæрты цæрæм, уый æмбаргæйæ, – загъта Сергей Меняйло.
Уымæй уæлдай, республикæйы Сæргълæууæг бафиппайдта, алцæмæй æххæст, алцæмæн, æппæт домæнтæн дæр дзуапдæттæг закъон кæй нæй, уый.
– Закъон хъуамæ кусгæ кæна, адæмæн пайда хæсса, æмæ, царды йæхи куыд æвдисдзæн, уымæ кæсдзыстæм, стæй йæм бахъуаджы ивддзинæдтæ хаст цæудзæн, – загъта Сергей Меняйло.
Уыйфæстæ Парламент дарддæр йæ куыст кодта.
«2026 азы æмæ 2027-2028 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат
Ирыстон-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проект æркæсынмæ рахаста амынд Фонды разамонæг Дзæгъойты Алан. Куыд загъта, афтæмæй, медицинон æххуысы фæдыл æндæр регионтæм чи ацæуы, нæ республикæйы уыцы цæрджыты нымæц фæстаг рæстæг зынгæ фæкъаддæр, уымæн æмæ, цы медицинон лæггæдтæ сæ бахъæуы, уыдон исыны бар сын ныр ис Цæгат Ирыстоны дæр. Уый фæрцы, Фонды бюджеты фæрæзтæй фæстауæрцгонд чи ‘рцыд, уыцы æхца – 272 милуан сомы – байуардзысты нæхи республикæйы медицинон кусæндæттыл се ‘рвылбоны хæрдзтæн. Фарстайы ахсджиагдзинад нымайгæйæ, раныхасгæнæг курæг уыд, цæмæй закъон фидаргонд æрцæуа фыццаг æмæ дыккаг кæройнаг бакасты.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Реуазты Ларисæ, афтæмæй, закъон фидаргонд æрцыд.
Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Гобеты Вадим ныхас кодта «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ахуырады тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проекты фæдыл. Документ хъахъхъæны, 9 азы ахуыры фæстæ паддзахадон фæлварæн раттын йæ бон кæмæн нæ баци, уыцы скъоладзауты бартæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй фæлварæн дыккаг хатт раттæн ис æрмæстæр афæдзы фæстæ. Уыцы иу аз сæфт цæмæй ма уа, уый тыххæй сын амынд закъоны проекты фæрцы уыдзæн профессионалон ахуыргæнæндонмæ лæвар бацæуыны æмæ исты кусæг дæсныйад райсыны бар. Дæсныйæдты номхыгъд, стæй сын райсæн кæм уыдзæн, уыцы ахуыргæнæндæтты номхыгъд бацæттæ кæныны хæс æвæрд цæуы республикæйы Хицауадыл.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Елена Князева.
Документмæ каст æрцыд фыццаг бакасты, афтæмæй закъоны проект æрцыд фидаргонд.
Депутаттæ ма æркастысты æмæ фыццаг кæнæ та дыккаг бакасты сфидар кодтой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст æндæр закъонтæ æмæ закъонты проекттæ дæр.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














