РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО амыдта Горæтаразæг советы æмбырд. Архайдтой дзы Хицауады Сæрдары хæдивæг Отарты Георги, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æххуысгæнæг – республикæйы сæйраг архитектор Æлбегаты Руслан, арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бетанты Марат, горæтаразæг къабазы раззагдæр специалисттæ.
Сергей Меняйло фæнысан кодта, æнæмæнг кæй хъæуы æмгуыстад фæтыхджындæр кæнын архитектурæйы къабаз æмæ территориты рæзты иумæйаг политикæ саразыны хъуыддаджы. Уыимæ, фæбæрæг кодта бынæттон хиуынаффæйады администрацийы егъау ахадындзинад.
– Мах хъуамæ ахæм бæрæггæнæнмæ æрцæуæм, нæ хъæутæ æмæ горæтты объектты æддаг бакастыл республикон æмæ муниципалон æмвæзады ныхасгонд куыд цæуа. Уый тыххæй районты хъуамæ кусой сæрмагонд ныхасгæнæг оргæнтæ, иумæйаг арæзт æмæ бакаст та бæрæг кæндзæн Горæтаразæг совет. Ныхас канд хæдзæртты æддаг бакасты домæнтыл нæ цæуы. Цæстдард хъуамæ уа æхсæнадон бынæтты фæлгонцадмæ æмæ æнæзакъон базарадон объекттæм, – бахахх кодта Сергей Меняйло.
Æмбырды архайджытæ æркастысты коммерцион объектты дæс проектмæ Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты: æрныхас кодтой æддаг бакаст, архитектурон æмæ инфраструктурон, хæдтулгæтæн лæууæн бынæттæ æмæ æндæр фарстатæм. Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй алы ног бæстыхай дæр хъуамæ аив фидауа хъæутæ æмæ горæтты æддаг бакастимæ, уыимæ, алы хъæуы хæдхуыздзинад дæр хъахъхъæнгæйæ. Æмбырды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нысангонд æрцыдысты æртæ проекты, иннæтыл ма хъæудзæн бакусын.
Горæтаразæг совет хъуамæ суа республикæйы рæзты ахсджиаг проекттæ æмæ фарстатыл профессионалон ныхасы фæзуат, æрбаиу кæна хицауады оргæнтæ, архитектурон æхсæнад æмæ профилон специалистты минæвæртты.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














