РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав районты разамонджытимӕ фембӕлды рӕстӕг рӕгъмӕ рахаста фӕлхасгонд электрон тыхӕн афойнадыл фидыны фарст. Йӕ хатдзӕгмӕ гӕсгӕ, районты хицӕуттӕ бӕрнон сты электрон тых, газ ӕмӕ хъармӕн ӕххӕстӕй фидынӕн.
Фӕрӕзтӕдӕттӕг организациты минӕвӕрттӕ ӕмбырды куыд радзырдтой, афтӕмӕй фӕстаг рӕстӕг фидыны фӕтк зынгӕ фӕхуыздӕр. Районты разамонджытӕ ма се ‘ргом цӕмӕ аздахой, ахӕм зындзинӕдтӕ дӕр нырма ис. Фараст мӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕлхасгонд электрон тыхӕн Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ районтӕ ӕххӕстӕй бафыстой. Сӕдӕ процентмӕ не схӕццӕ сты ӕрмӕстдӕр Рахизфарсы, Алагиры ӕмӕ Горӕтгӕрон районтӕ.
Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй хӕсджынӕй баззадысты муниципалитетты хицӕн куыстуӕттӕ. Уымӕ гӕсгӕ Битарты Вячеслав бафӕдзӕхста районты сӕргълӕуджытӕн, цӕмӕй уыцы хӕсджынты архайдмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсой, равзарой сын сӕ финансон-хӕдзарадон змӕлд. Сӕйрагдӕр та хъуамӕ базоной, ахӕм хӕстӕ сын цӕй аххосӕй сӕмбырд, уый. Азы кӕронмӕ хъуамӕ хӕстӕ куынӕггонд ӕрцӕуой.
Фӕлхасгонд газӕн фиддонты бӕрц фараст мӕймӕ рауад 104,6 проценты, фӕлӕ ам дӕр къуылымпытӕ ӕвзӕры районты хъармдӕттӕг организациты ‘рдыгӕй: Дигорайаг хъармдӕттӕг хызтӕ, Горӕтгӕрон районы «Коммунресурс» ӕмӕ Рахизфарсы районы «Бесланспецсервис». Ӕрыдоны ӕмӕ Кировы районты та рахызтысты цӕрӕн хӕдзӕртты хицӕн агтӕ сӕвӕрынмӕ, афтӕмӕй газӕн фиддонты бӕрц зынгӕ фӕфылдӕр.
Республикӕйы Сӕргълӕууӕг ӕмбырды архайджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, хъармдӕттӕн рӕстӕг кӕй райдыдта, ӕмӕ ӕппӕт коммуналон структурӕты ӕнӕкъуыхцы куыстӕн дзуапдӕттӕг кӕй сты, уый. Хицӕн ныхас рауад бынӕттон бюджеттӕм исбонадон ӕмӕ иумӕйаг хъӕууонхӕдзарадон хъалонтӕ фидыныл. Республикӕйы Хъалонты службӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы ран дӕр хъалонтӕ хорз не ‘мбырд кӕнынц, районты разамонджытӕ цӕуыл бакусой, уый сын ис. Битарты Вячеслав бахӕс кодта, цӕмӕй алы районы дӕр скӕной кусӕг къордтӕ ӕмӕ бавналой ацы хъуыддаг банывыл кӕнынмӕ.
«Хъалонты службӕ ӕнӕ сымах ацы хъуыддаг нӕ алыг кӕндзӕн, цӕрджыты зонут, кӕмӕдӕр дукани ис, кӕмӕдӕр куыстуат. Хыгъды сты ӕви не сты, хъуамӕ зонат уӕ хъалонӕвӕрӕн базӕ, кусат хъалонфидджытимӕ. Афтӕмӕй фӕфылдӕр уыдзысты хи ӕфтиӕгтӕ дӕр. Уый ӕрмӕст исбонады хъалонимӕ баст нӕу, ахӕм куыст бакӕнын хъӕуы хъӕууонхӕдзарадон хъалон ӕмбырд кӕныныл дӕр», — бафӕдзӕхста Битарты Вячеслав.
Уый ма бӕрнон адӕймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта хъӕуты ӕмӕ горӕтты сыгъдӕгдзинады уавӕр, фӕсидт, цӕмӕй 26 октябры рацӕуой зиумӕ.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














