Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы бардзырдмӕ гӕсгӕ Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрад кӕуыл бакуыста, уыцы регионалон проект «Ахуырады системӕйӕн кадрты цӕттӕкӕнынад»-ы фӕрцы Ахуырады кусджыты зонындзинӕдтӕ фылдӕргӕнӕн республикон институты сарӕзтой Зондамонджыты центр.
Йӕ кусджытӕ архайдзысты ӕрыгон ахуыргӕнджыты дӕсныдзинады къӕпхӕн уӕлдӕр кӕныныл.
Фыццаг ӕмбырды «Зондамонынад»-ы къабазы цӕстдарджытӕ, министрады минӕвӕрттӕ ӕмӕ проекты архайӕг 20 скъолайы разамонджытӕ ӕрныхас кодтой ӕмгуыстады фадӕттыл.
— Цӕмӕй проект йе ‘ппӕт архайджытӕн дӕр пайда уа, уый тыххӕй кӕрӕдзи хъуамӕ бамбарӕм. Ӕрмӕстдӕр ӕмгуыстады фӕрцы бафтдзӕн нӕ къухы ӕнтыстдзинӕдтӕ, — зӕгъы проекты разамонӕг Гаджиты Аланӕ.
Ӕмбырды архайджытӕ кӕуыл ӕрныхас кодтой, уыцы проектмӕ сӕ фиппаинӕгтӕ ӕмӕ фӕндӕттӕ бахӕссыны бар уыд ахуыргӕнӕндӕтты разамонджытӕн. Проекты архайӕг скъолаты ӕрыгон ахуыргӕнджытӕм фидаргонд ӕрцӕудзысты зондамонджытӕ. Ахуыры азы дӕргъы Центры специалисттӕ зондамонӕджы куыстмӕ ӕмӕ ӕрыгон ахуыргӕнӕджы зонындзинӕдты рӕзтмӕ сӕ цӕст дардзысты, ӕмӕ афтӕмӕй ӕрыгон специалисттӕн уыдзӕн сӕ зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕныны фадат.
РЦИ-Аланийы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады пресс-службӕ














