РЦИ-Аланийы Парламентӕй

0
457

РЦИ-Аланийы Парламенты дзыллон байхъуыстытӕ уыдзӕн «РЦИ-Аланийы 2020 аз ӕмӕ 2021 ӕмӕ 2022 азтӕн пъланон ӕмгъуыдмӕ бюджеты тыххӕй» закъоны проекты фӕдыл.

Закъоны проекты уагӕвӕрдтимӕ базонгӕ уӕвӕн ис РЦИ-Аланийы Парламенты официалон сайты: parliament-osetia.ru.

Дзыллон байхъуыстыты архайыны фадат ис РЦИ-Аланийы цӕрджытӕн, Парламенты депутаттӕн, хицаудзинады федералон ӕмӕ республикон, стӕй бынӕттон оргӕнты ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕн.

Закъоны проекты фӕдыл фӕндӕттӕ барвитӕн ис 2019 азы 14 ноябры онг ахӕм адрисыл: 362038, РЦИ-Алани, Дзӕуджыхъӕу, Сӕрибары фӕз, 1, кӕнӕ электронон постмӕ: komitet_budjet@mail.ru.

Дзыллон байхъуыстыты архайыны фӕдыл куырдиӕттӕ бадӕттӕн ис 2019 азы 14 ноябрмӕ РЦИ-Аланийы Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад ӕмӕ кредитон организациты комитетмӕ, кӕнӕ та комитеты электронон постмӕ: komitet_budjet@mail.ru.

Байхъуыстытӕ уыдзысты 2019 азы 15 ноябры Хицауады хӕдзары (Сӕрибары фӕз, 1) ӕмбырдтӕ аразӕн чысыл залы. Райдайӕн — 15 сахатыл.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here