Знон Дзӕуджыхъӕуы ӕфсӕддон гарнизоны Афицерты хӕдзары раз цы кадджын ӕмбырд уыд, уый рӕстӕг байгом кодтой нӕ зындгонд ӕмзӕххон, Цӕгат Кавказы ӕфсӕддон зылды раздӕры командӕгӕнӕг, Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъӕбатыр, ӕфсады инӕлар Плиты Алыксандры фырт Иссӕйы цыртдзӕвӕн.
Уыцы зӕрдылдарӕн фембӕлды архайдтой Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг, УФ-йы Гӕрзифтонг тыхты ӕфсӕддон-политикон управленийы хицау, инӕлар-булкъон Андрей Картаполов, Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сӕрдар Къаболаты Солтан, республикӕйы хицаудзинады ӕххӕстгӕнӕг оргӕнты разамонджытӕ, 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнджытӕ, стӕй ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.
Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы гимнты зӕлтӕм Плиты Иссӕйы бюст байгом кодтой Андрей Картаполов, Битарты Вячеслав, Къаболаты Солтан ӕмӕ ӕвзонг ӕфсӕддон Куыдзиаты Алан.
Уый фӕстӕ ӕмбырды раныхас кодта УФ-йы хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг. Андрей Картаполовы ныхасмӕ гӕсгӕ, Ирыстон бирӕ зындгонд ӕмӕ кадджын адӕймӕгты схъомыл кодта. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты лӕгӕвзарӕн рӕстӕг куы ралӕууыд, уӕд дӕр ирон адӕмы хъӕбултӕ равдыстой уды фидар ӕмӕ стыр хъӕбатырдзинад. Уыдонӕй иу — Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъӕбатыр Плиты Иссӕ.
— Плийы-фырт уыд ӕмӕ ӕнустӕм нӕ историйы баззайдзӕн, куыд ӕцӕг патриот ӕмӕ афицер, уды хуыздӕр миниуджытӕй ӕххӕст адӕймаг, дӕсны ӕфсадхон. Йӕ цард у Фыдыбӕстӕйыл иузӕрдиондзинады ирд дӕнцӕг. Плиты Иссӕ йе ‘фсӕддон ардбахӕрдыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта, йе ‘фсӕддон хӕс кад ӕмӕ намысимӕ ӕххӕст кодта. Ӕмӕ уымӕй бафӕзминаг у ӕрмӕст Ирыстоны цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы адӕмӕн дӕр, — загъта Андрей Картаполов. Уый куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй хъахъхъӕнынады министры уынаффӕйӕ Дзӕуджыхъӕуы Афицерты хӕдзарӕн лӕвӕрд ӕрцыд Плиты Иссӕйы ном.
Битарты Вячеславы ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы цыртдзӕвӕн ноджыдӕр ма иу ӕвдисӕн у, Плийы-фырты хӕстон сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕбатырдзинад рох кӕй не сты, уымӕн.
— Махӕн, Ирыстоны цӕрджытӕн, Иссӕйы ном табуйаг у, стӕм дзы сӕрбӕрзонд. Таурӕгъон инӕлары биографийы бирӕ ирд цаутӕ уыд — Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты азты разамынд лӕвӕрдта бирӕ ахсджиаг операцитӕн, хъӕбатырӕй архайдта советон-япойнаг хӕсты дӕр… Плийы-фырты хӕстон сгуыхтдзинад ӕмӕ дӕсныдзинады дӕнцӕгтӕ абон дӕр ма ахуыр кӕнынц ӕфсӕддон академиты, — фӕнысан кодта Битары-фырт.
Фембӕлды кӕронбӕттӕны Битарты Вячеслав арфӕ ракодта Андрей Картаполовӕн, Цӕгат Ирыстоны цардӕй иппӕрд кӕй нӕу, уый тыххӕй, ӕмӕ йын саккаг кодта РЦИ-Аланийы Кады грамотӕ.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ















