РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Промышленнон продукцийы æнæзакъон зилдухы ныхмæ къамисы дыккаг æмбырд афæдзы райдайæнæй. Кæсæг-Балхъар æмæ Цæгат Ирыстоны «Россельхознадзор»-ы управленийы разамонæджы хæдивæг Дмитрий Абонеев радзырдта, ведомствæ цы мадзæлттæ аразы республикæйы тæссаг продукцийы зилдух ма ‘руадзыны ныхмæ, уыдоныл.
Афтæ, хойраджы паддзахадон федералон цæстдарды фæлгæты 2026 азы дыккаг квартæлы систой хойраджы продукцийы 17 пробы. Истой сæ социалон æгъдауæй ахсджиагдæр уагдæттæн фосы продукттæй хойраг цæттæгæнæн куыстуæтты. Лабораторон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, специалисттæ нæ раиртæстой домæнтæн дзуапп нæ дæттыны цаутæ.
«Россельхознадзор» тынг лæмбынæг кæсы, цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ыл фæсарæнтæй цы продукци ласынц, уый хæрзхъæддзинадмæ. Æркастысты, паддзахадон ветеринарон службæ йæ цæст цы товармæ дары, уымæ – æдæппæтæй, 2,8 мин тоннæйы чи ‘рбаласта, ахæм 240 транспортон иуæгмæ. Уыдон уыдысты кæсаг, æхсыр æмæ дзидзайы продукци, хойрагмæ æфтауæнтæ. Бæрæггонд дзы æрцыд 6 халæн цауы – уыцы уæзæгтæ æрурæдтой æмæ сæ фæстæмæ, цы бæстæтæй æрбацыдысты, уырдæм аздæхтой.
Сергей Меняйло Цæгат Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министрад æмæ «Россельхознадзор»-ы управленийæн бафæдзæхста иудадзыг хъæууонхæдзарадон продукци уадзджытæн продукцийы æдасдзинады закъоны домæнтæ æмбарын кæнын æмæ профилактикон мадзæлттæ аразын, стæй адæммæ хæццæ кæнын тæссаг продукци балхæныны фæстиуджыты хъусынгæнинаг. Регионы ветеринарон службæйæн хæсгонд æрцыд фосы æнæниздзинад æмæ дзы цы продукци исынц, уый хæрзхъæддзинадмæ лабораторон цæстдард фæтыхджындæр кæнын. «Роспотребнадзор»-ы управлени дарддæр дæр иудадзыг бæрæг кæндзæн, ресторантæ, кафетæ æмæ хæрæндæтты продукци цавæр уавæрты дарынц æмæ дзы куыд пайда кæнынц, уый. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй сæрмагонд цæстдард хæринаггæнæн блоктæм хъуамæ уа социалон объекты – скъолаты, рæвдауæндæтты, рынчындæтты æмæ афтæ дарддæр.
Æмбырды ма ныхас кодтой артаг æмæ сæрдæн æрмæг æнæзакъонæй аразын, ласын æмæ уæй кæныны ныхмæ мадзæлттыл. РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министрады экономикон æдасдзинад æмæ коррупцийы ныхмæ архайæг управленийы хицау Дзантиаты Юри фехъусын кодта, республикæйы артаг æвгæнæн станцæты тæссаг продукци æмæ товартæ дарын, ласын æмæ уæй кæныны цаутæ раргом кæныны куыст æнæрлæугæйæ кæй цæуы, уый. Ацы азы фондз мæймæ мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæ сбæлвырд кодтой артаг уæй кæнынимæ баст иу экономикон фыдракæнд, фараст уголовон хъуыддаджы арæзт æрцыд, нефть æмæ газы хæтæлтæм йæхи чи бафтыдта, уыдоныл.
Æмбырды куыд загътой, афтæмæй республикæйы ис, нефты продукттæ уадзын йæ бон кæмæн у, ахæм куыстуæттæ. Сергей Меняйло бахæс кодта сбæрæг кæнын, сæ продукци кæм æмæ кæмæн уæй кæнынц, уый, цæмæй артаг æмæ сæрдæн æрмæг æнæзакъонæй уæйгонд ма цæуа.
Цæстдард цæуы Цæгат Ирыстоны таможняйы ‘рдыгæй, республикæйы фæзуатмæ цы артаг æмæ сæрдæн æрмæг ласт цæуы, уымæ дæр. Уыцы мадзæлтты руаджы ацы аз къухы бафтыд ахæм цауты нымæц, 2025 азимæ абаргæйæ, фондз хатты фæкъаддæр кæнын. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны таможняйы хицау Цегойты Георги.
Æмбырды архайджытæ ма æркастысты интернет-фæзуæтты, уыдонимæ – маркетплейсты æнæзакъонæй товартæ уæй кæныны цаутæ ма ‘руадзыны фарстамæ.
– Абон къамисы цы фарстатæм æркастыстæм, уыдон тынг ахсджиаг сты, уымæн æмæ æнгом баст сты нæ республикæйы экономикæ æмæ йæ цæрджыты фæрныгадимæ. Хицауады æппæт къæпхæнты оргæнтæ хъуамæ алцыдæр саразой базарады, артаг æмæ энергетикæйы комплекс æмæ иннæ къабæзты сусæгæй уæй кæныны цаутæ ма ‘руадзыны тыххæй. Мæнмæ хъусынгæнинаг æрвылбон дæр вæййы, артаг куыд хæццæ кæны æмæ хардзгонд цæуы, уый тыххæй. Уавæрмæ иудадзыг лæмбынæг кæсæм. Не ’ппæты хæс дæр у артаджы продукцийы æнæзакъон зилдух ма ‘руадзын, – фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














