Уӕлахизты къуыри

0
555

Ивгъуыд къуырийы ирыстойнаг спортсментӕ фесгуыхтысты цалдӕр спорты хуызӕй, Уӕрӕсейы ӕмӕ фӕсарӕнты ерыс кӕнгӕйӕ.

Болгарийы сӕйраг горӕт Софияйы 1-2 февралы дзюдойӕ Европӕйы Кубок рамбулыныл ерысты иттӕг сӕрӕн хӕст ракодта Цӕгӕраты Хъазыбег ӕмӕ Беккуызарты Аличчы хъомылгӕнинаг Елбачиты Георги.

Европӕйы Кубок рамбулыныл ерысты архайдтой 42 бӕстӕйы командӕтӕ. Елбачиты Георги 81 кг онг уӕзы хӕцгӕйӕ рамбылдта ӕхсӕз ныхмӕлӕууӕгӕй. Кӕуыл фӕуӕлахиз, уыдоны ‘хсӕн уыдысты тыхджын дзюдоисттӕ. Зӕгъӕм, Георги ӕрдӕгкӕронбӕттӕны сыгъдӕгӕй фӕуӕлахиз, уый размӕ Уӕрӕсейы чемпион Станислав Семенов кӕмӕн фӕхӕрд, уыцы французаг дзюдоист Батисыл. Кӕронбӕттӕны Георгийы ныхмӕлӕууӕг уыди гермайнаг дзюдоист, Тбилисийы дунеон турниры фесгуыхӕг Казелиус. Ацы фембӕлды дӕр Георги йӕ ныхмӕлӕууӕгыл фӕуӕлахиз сыгъдӕгӕй ӕмӕ рамбылдта Европӕйы Кубок. Олимпаг хъӕзтыты аз, уый у хорз райдайӕн, ӕмӕ Георгийӕн нӕ зӕрдӕ зӕгъы ног ӕнтыстдзинӕдтӕ.

Сӕхи сӕрӕнӕй равдыстой нӕ боксертӕ Челӕхсаты Георги ӕмӕ Дзукъаты Давид дӕр. Сӕ дыууӕ дӕр фесгуыхтысты Калининграды цы профессионалон боксы турнир уыди, уым. Архайдтой дзы Уӕрӕсейы, Польшӕйы, Узбекистаны ӕмӕ Хуссар Африкӕйы республикӕйы боксертӕ. Сӕйрагдӕр тохтӕй иу уыди Челӕхсаты Георги ӕмӕ Хуссар Африкӕйы минӕвар Принц Дломайы фембӕлд 63,5 кг онг уӕзы. Сӕ дӕргъвӕтин тохы Георги равдыста хорз цӕттӕдзинад ӕмӕ уӕлахизмӕ тырнындзинад. Тох куы фӕци, уӕд тӕрхонгӕнджытӕ ӕмхъӕлӕсӕй уӕлахиз радтой Челӕхсайы-фыртӕн. Йӕ тренер у Баскаты Батрадз.

Калининграды йӕ фыццаг профессионалон тох акодта Сланты Витали ӕмӕ Тедеты Аличчы хъомылгӕнинаг Дзукъаты Давид. Нӕ боксеры ныхмӕлӕууӕг уыд уӕрӕсейаг боксер Иван Павловский. 76 кг онг уӕзы, ацы тох хъуамӕ цыдаид цыппар раунды, фӕлӕ ахицӕн фыццаджы. Куыддӕр тох райдыдта, афтӕ Давид йӕ ныхмӕлӕууӕгыл ныккалдта йӕ тыхджын цӕфтӕ, ӕмӕ йӕ ӕртӕ хатты арвыста нокдаунмӕ. Тӕрхонгӕнӕг тох баурӕдта фыццаг раунд йӕ кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд, ӕмӕ уӕлахиз радта Дзукъайы-фыртӕн.

Ноджыдӕр ма иу профессионалон спорты хуыз кикбоксингӕй, фесгуыхт ирыстойнаг спортсмен Хаситы Тамерлан.

Цӕцӕны республикӕйы, горӕт Гудермесы профессионалон кикбоксингӕй цы дунеон турнир «Тохтӕ Гудермесы», зӕгъгӕ, арӕзт ӕрцыд, уым 90 кг онг уӕзы Хасийы-фырт хорзӕхджын сси сыгъзӕрин майданӕй. Тамерланы ерыстӕм бацӕттӕ кодта йӕ тренер Верди Тариев.

Ныртӕккӕ Тамерлан йӕхи цӕттӕ кӕны тайскаг боксӕй Уӕрӕсейы Хуссар ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылдты иумӕйаг чемпионатмӕ, ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕ зӕгъы уым дӕр ӕнтыстджынӕй рахӕцын!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here