Абоны онг — ӕхсӕз рынчыны

0
429

Уӕрӕсейы Федерацийы абоны онг рабӕрӕг ног низӕфтауӕг «коронавирус»-ӕй рынчын 6 адӕймаджы. Уый тыххӕй знон фехъусын кодта федералон агентад «Роспотребнадзор»-ы официалон минӕвар.

Агентады минӕвар журналисттӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй уыдонӕй 2 сты Китайы граждӕнтӕ (ныридӕгӕн сдзӕбӕх сты, ӕмӕ сӕ рынчындонӕй рафыстой). Иннӕ 3 адӕймаджы сты, Европӕйы туристон балцы чи уыд, уыцы уӕрӕсейӕгтӕ (ныртӕккӕ уыдон карантины фӕткмӕ гӕсгӕ сты горӕт Хъазаны). Ӕмӕ ӕхсӕзӕм — Италимӕ балцӕй чи сӕздӕхт, уыцы уӕрӕсейаг нӕлгоймаг (уый ӕнӕниздзинады уавӕрмӕ дӕр ныртӕккӕ дохтыртӕ сӕ цӕст дарынц).

«Роспотребнадзор»-ы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, Хицауады уынаффӕйӕ уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ арӕзт цӕуынц, цӕмӕй низӕфтауӕг нӕ бӕстӕмӕ ма ‘рбахӕццӕ уа. Афтӕ, УФ-йы паддзахадон арӕныл ӕппӕт контролон-уадзӕн пунктты дӕр ӕрлӕууыдысты санитарон цӕстдарды специалистты фылдӕргонд къордтӕ. Уыдон тепловизортӕ ӕмӕ ӕндӕр сӕрмагонд техникӕйы фӕрцы бӕрӕг кӕнынц, бӕстӕмӕ чи ӕрбацӕуы, уыцы адӕмы ӕнӕниздзинады уавӕр.

Уыимӕ, информацион агентад «Интерфакс» куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй 2 мартъийы хыгъдмӕ ног низӕфтауӕгӕй рынчынты нымӕц дунейы схӕццӕ 90 минмӕ. Уыдонӕй 80 мины — Китайы цӕрджытӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here