Сфæлдыстадæй хайджын

0
468

Дигорайы цæрæг 14-аздзыд Кæркуысты Астан ныв кæнын бирæ уарзы. Йæ фыд Георги куыд зæгъы, афтæмæй лæппу хæрз сабийæ, рæвдауæндонмæ ма куы цыд, уæд райдыдта нывтæ кæнын хуымæтæг кърандæстæй. Архайдта тынг зæрдиагæй, уымæ гæсгæ йæ нывтæ уадысты хуызджын æмæ цымыдисаг.

— Иу бон Астан йæ нывтæ хæдзары къултыл бакодта æмæ нæ сыхæгтæм фæдзырдта, цæмæй æрбацæуой æмæ йын йæ куыстытæ феной. Сыхæгты зæрдæмæ тынг фæцыдысты, æмæ йын фæарфæтæ кодтой. Уый уыд йæ нывты фыццаг равдыст, — зæгъы лæппуйы фыд.

Астан ныр фондз азы бæрц хъæдæрмæгæй аразы диссаджы дзаумæттæ. Ацы куыстмæ йæм цымыдисдзинад фæзынд скъолайы.

Фæйнæгыл зынг телæй нывтæ кæнын ын скъолайы бауарзын кодта фæллойы ахуыргæнæг. Дарддæр та йæхæдæг ахуыр кодта. Куыд кусын хъæуы, уый йын амыдта йæ баба дæр.

Астан фылдæр архайы нæзы бæласы хъæдæрмæгимæ. Банхъæлмæ кæсы, цæмæй бахус уа, ма афаз уа, æмæ уæд райдайы кусын. Йæ фыццаг стыр куыстыл банымайæн ис Лæгты дзуары ныв. Сныв æй кодта 12-аздзыдæй. Ныр та аразы хæдзары дзаумæттæ, хъазæнтæ æмæ сылгоймаджы аивгæнæнтæ: хъусцæджытæ, фæрдгуытæ æмæ цонгдарæнтæ. Фылдæр хатт сæ саразы йæхицæн, бинонтæн æмæ йæ хæлæрттæн, фæлæ хæрзæрæджы сæрмагонд фæдзæхстмæ гæсгæ сарæзта стъол.

Курдиатджын лæппуйæн йæ зæрды ис æфсæйнагимæ кусын базонын дæр.

Астанæн йæ курдиат уымæй нæ хицæн кæны, иттæг хорз арæхсы фæндырæй цæгъдынмæ дæр. Фæлæ йæ уæддæр йæ дарддæры цард сбæттын фæнды хъæдæрмæгыл нывкæнынимæ.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here