Дыууӕ ног хиды аразынц

0
451

Горӕтгӕрон районы, федералон проект «Хидтӕ ӕмӕ фӕндагамонӕнтӕ», стӕй национ проект «ӕдас ӕмӕ хӕрзвадат автомобилон фӕндӕгтӕ»-йы бындурыл, аразынц дыууӕ хиды.

Нывыл арӕзт фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕн канд вазыгджын экономикон ӕмӕ стратегион нысан нӕй, фӕлӕ ма сӕ фӕрцы ӕнцонвадатдӕр кӕны адӕмы цард. Октябрыхъӕуӕй Тарскӕмӕ фӕндагыл арӕх чи цӕуы, уыдон ӕй зонынц, зӕронд хидтӕ 50-ӕм азты арӕзт кӕй сты, цӕуын сыл ссис тынг тӕссаг.

Донивылдтытӕ, тыхджын къӕвдатӕ сын сӕ уавӕр ноджы ӕвзӕрдӕр кодтой. Ацы фарстмӕ Хицауад ӕркастысты ӕмӕ ног хидтӕ аразын райдыдтой. Автомобилон фӕндаг «Октябрыхъӕу-Тарскӕ»-йы 9-ӕм километры, Тарскӕйы хъӕумӕ хӕстӕг цы хид аразынц, уымӕн йӕ дӕргъ уыдзӕн 18 метры, йӕ фӕтӕн — 10 метры, уыдзӕн дзы фистӕгӕйцӕуджытӕн къахвӕндаг дӕр.

Аив ӕмӕ фидар уыдзысты хидмӕ бацӕуӕнтӕ — 70 метры бӕрц, сараздзысты дзы фыдбылызӕй бахизынӕн мадзӕлттӕ дӕр.

РЦИ-Аланийы Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты архайдӕй бадзырд бафыстой арӕзтадон организаци «ЮСК»-имӕ.

Хидаразджыты ныхасмӕ гӕсгӕ, арӕзтады пайда кӕнынц нырыккон фидаргӕнӕн ӕрмӕджытӕй, ӕфсӕн-бетон конструкцитӕй. Аразгӕ та сӕ кӕнынц дӕсны специалисттӕ. Хидмӕ бацӕуӕнтӕ ӕмӕ фӕзилӕнтӕ растгонд цӕуынц, афтӕмӕй фӕндаджы ацы хай уыдзӕн ноджы ӕдасдӕр.

Ныридӕгӕн уал скодтой ӕфсӕн-бетон цӕджындзтӕ, уыдон сты фидӕны хидӕн йӕ бындур. Уыцы-иу рӕстӕг ацы фӕндаджы 7-ӕм километрыл дӕр, чысыл цӕугӕдоны сӕрты, райдыдта хиды арӕзтад. Камбилеевкӕйы цӕугӕдоны хидӕй цыбырдӕр уыдзӕн ӕрмӕст 15 метры, фӕлӕ дзуапп дӕтдзӕн нырыккон домӕнтӕн, цӕмӕй бӕлццӕттӕ мацы къуылымпытӕ ӕвзарой.

Фӕндӕгты хӕдзарады комитеты куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ацы хайыл цалцӕггонд ӕрцӕудзӕн фӕндаджы уӕлцъар дӕр. Ивгъуыд азты ног асфальт фӕндаг арӕзт ӕрцыд районы центрӕй Тарскӕйы ‘рдӕм — 5,5 километры. Ацы азы кӕронмӕ фӕндаджы иннӕ хай, суанг хъӕумӕ бацӕуӕны онг дӕр цалцӕггонд ӕрцӕудзӕн. Куыстытӕ ӕмгъуыдмӕ кӕй ахицӕн уыдзысты, уымӕй фӕндагаразджытӕ ныфс ӕвӕрынц.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here