Ныййарæджы æхца фæфылдæр уыдзæн

0
290

2023 азы ныййарæджы æхца бафидынæн цы фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзæн, уыдон уыдзысты 550 миллиард сомæй уæлæмæ. УФ-йы фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Антон КотЯков æртыццæджы журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныййарæджы æхца 12,4 проценты индексаци скæныны руаджы уый фыццаг сывæллонæн рауайдзæн 589,5 мин сомы, дыккагæн та — 779 мин сомы.

«Ацы азæй райдайгæйæ, ныййарæджы æхца индексацигонд цæудзæн, æцæг инфляци цас у, уыйбæрц. Ахæм индексаци конд æрцæудзæн 2023 азы 1 февралæй фæстæмæ. Бюджеты проектæй цы индексаци нысангонд цæуы, уымæ гæсгæ ныййарæджы æхца фыццаг сывæллонæн фæфылдæр уыдзæн 65 мин сомы æмæ рауайдзæн 589,5 мин сомы фыццаг сывæллонæн, дыккагæн — 85,9 мин сомы æмæ уыдзæн 779 мин сомы. Æдæппæт 2023 азæн ныййарæджы æхца фидынæн пълангонд цæуы 550 миллиард сомæй фылдæр барвитын», — дарддæр радзырдта Антон Котяков.

Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады бацамыдтой, зæгъгæ, Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ ныййарæджы æхца 2022 азæй фæстæмæ æрвылаз индексацигонд цæуы ивгъуыд азы æцæг инфляцийы æмвæзады. Ныййарæджы æхца фидынæн Социалон фонды бюджеты проекты цы иумæйаг фæрæзты гуырахст пълангонд æрцыд, уый у 550,7 милуан сомы. Раздæр Фæллой æмæ социалон министрады фехъусын кодтой, зæгъгæ, 2023 азы 1 январæй фæстæмæ се ‘фтиæгтæ иу адæймаджы хыгъдмæ цæрыны æппæты дыууæ къаддæр бæрцы кæмæн сты, уыдонæн æрвылмæйы бафыстытæ сæ бон саразын у иу цæрыны тæккæ къаддæр бæрц сывæллонæн кæд райгуырд, уымæ нæ кæсгæйæ. Ныр ахæм бар ис æрмæстдæр дыккаг сывæллонæн.

КЪНАТТАТЫ Маринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here