Цæрæнхæдзæртты комплекс байгом

0
342

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Дзæуджыхъæуы, Курсанттæ-Кировæгтæйы уынджы цæрæн комплекс байгом кæныны. Ног азы размæ ног фатерты дæгъæлтæ райстой 229 бинонтæ. Республикæйы разамонæг федта цæттæгонд фыццаг хæдзæрттæ, аразджытæ кæмæ базылдысты, уыцы фатертæ, аныхас кодта цæрæнуæтты хицæуттимæ.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй йын æхсызгон у, ирыстойнæгтæн ахæм хорз фадæттæ кæй сарæзтой, уый. «Ныр уал нæ къухы бафтыд фыццаг къæпхæн, дарддæр цæрæнуæтты арæзтад фæхъомысджындæр уыдзæн. Алы адæймаг дæр хъуамæ йæ бынат фæхуыздæр кæнынмæ тырна, мах та уын уæлбар уавæртæ араздзыстæм. Уе ‘ппæтæн дæр арфæ кæнын Ног азы тыххæй, ацы цау уын йæ фæстæ ноджы хуыздæртæ расайæд», — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.
«РЦИ-Аланийы граждæнты фадатджын æмæ аслам фатертæй сифтонг кæныны» паддзахадон республикон программæйы фæрцы граждæнты хицæн къордтæн фадат фæцис фатертæ базарады аргъæй 20 проценты ныллæгдæрæй райсынæн. Куыстытæ æххæст кæны сæрмагонд арæзтадон компани, нырмæ уал сцæттæ кодтой 3 бирæуæладзыгон хæдзары. Сæ иумæйаг фæзуат у 15 мин квадратон метры.
Бирæсывæллонджын бинонтæ аразæгæй райстой субсиди 5 проценты æмæ республикон бюджетæй — 5 проценты. Квадратон метры аргъ республикæйы Сæргълæууæджы руаджы фæныллæгдæр. Аразæг зынгæ фæкъаддæр кодта фатерты аргъ. Ныртæккæ фатертæ райсынмæ æнхъæлмæ кæсæг 850 гражданины бахастой иумæйаг хыгъдмæ. Хæдзæрттæ дарддæр аразынц, дыккаг къæпхæны бавналдзысты 100 фатерон бæстыхай аразынмæ, программæ кусдзæн 2024 азмæ.
Проекттæ саразыны хъуыддæгтæн бафыста «Сбербанк».

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here