Вазыгджын уынаффæтæ — адæмы хорздзинадæн

0
274

Цæгат Ирыстоны министрты кабинет РЦИ-Аланийы Хицауады æмбырды Дзанайты Барисы разамындæй социалон-экономикон къабазы сфидар кодта къорд вазыгджын уынаффæйы.

Финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег æркæсын кодта ацы азы æмæ 2024-2025 азты бюджеты ивддзинæдтæм. Ахæм уынаффæ æнæмæнг райсын хъæуы, цæмæй сæйраг финансон документы разына, федералон бюджет æмæ Фæзуæтты рæзты фондæй республикæйæн уæлæмхасæн фæрæзтæ лæвæрд кæй æрцыд, уый.
— Афæдзы мидæг активон куыст цæуы республикæмæ фæрæзтæ æрбаздахыны тыххæй. Уыимæ —федералон бюджетæй дæр. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло федералон центримæ куыд баныхас кодта, афтæмæй ацы аз мах уæлæмхасæн райстам 5 миллиард сомы. Уыцы фæрæзты æххуысæй сифтонг кодтам медицинон уагдæттæ æмæ ахуырады инфраструктурæ, фæахъаз сты спорты объекттæ саразын æмæ бындуронæй рацаразынæн, хъæууон хæдзарадæн æххуыс æмæ фæндæгты хызæджы рæзтæн. Уымæй уæлдай ма фæтыхджындæр кодтам адæмы кæлæддзаг цæрæнуæттæй ног фатертæм раивыны куыст, фæногдæр кодтам æхсæнадон транспорты парк æмæ æмæ дарддæр архайæм коммуналон инфраструктурæйы рацарæзтыл. Хорзæрдæм ивддзинæдтæ фæзынд нæ адæмы цардыуаджы æппæт къабæзты дæр, — фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.
Афтæ ма ацы азы бюджетмæ хаст æрцыдысты хицæн ивддзинæдтæ. Исахъты Оледжы куырдиатмæ гæсгæ Æрыдоны районæн республикæйы бюджетæй радтой æххуыс 2 милуан сомы, цæмæй банывыл кæной Кировы æмæ Къостайыхъæуы сывæллæтты спортивон фæзтæ. Министрты кабинет йемæ сразы ис. Дзанайты Барис бахахх кодта, Цæгат Ирыстоны Хицауады оргæнтæ кæй архайынц районтæн æххуыс радтыныл, уымæ гæсгæ фæрæзтæ Æрыдоны районæн æнæмæнг лæвæрд æрцæудзысты.
РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Тебиаты Аслан æркæсын кодта ацы аз Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры реставрацион куыстытæн 4 милуан сомы радих кæныны фарстамæ.
— Уырыссаг театр у нæ республикæйы культурон объектты сæйрагдæртæй иу. Ацы бон фарста куы алыг кæнæм, уæд ацы азы реставрацион куыстытæ кæронмæ ахæццæ уыдзысты. Къæпхæнгай иннæ уагдæтты фарстатæ дæр лыггонд цæуынц. Куыст сыл цæуы, куыд федералон, афтæ республикæйы æмвæзады дæр. Æрмæст ацы аз культурæйы 13 объектты куыстытыл хардзгонд æрцыд, æмтгæй райсгæйæ, 730 милуан сомæй фылдæр. Фидæны аз дæр уыцы архайд дæлдæр не ‘руадздзыстæм, — загъта Дзанайты Барис.
Цæгат Ирыстоны Хицауад ныффидар кодта социалон-демографион къордтæн 2024 азæн иу адæймагæн фæцæрыны æппынкъаддæры бæрц.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Æгъуызарты Мурат æмбырды архайджыты размæ рахаста, Алагиры, Æрæфы, Кировы æмæ Горæтгæрон районты зæххы хæйттæ хъæууонхæдзарадонæй, сæрмагондæй хъахъхъæд цы фæзуæттæ æмæ объекттæ цæуынц, стæй промышленносты, энергетикæ, транспорт æмæ æндæр нысаниуæг кæмæн ис, уыдоны уæлдай хъахъхъæныны тæлммæ раивыны уынаффæйы проект.
— Хицауады ‘рдыгæй ахæм æххуыс ратдзæн фадат бирæ проекттæ царды рауадзынæн. Абон туризмы къабазы рæзтыл, инвестортæн аккаг уавæртæ аразыныл кусын хъæуы. Ацы аз иу категорийæ иннæмæ раивтам 30 зæххы хайы. Афтæмæй республикæйы фæзуаты регионалон æмæ федералон программæтæм гæсгæ аразæм куыстадон æмæ агропромышленнон объекттæ, фæндаггæрæтты лæггæдтæ дæттæг сервис, туристтæн цымыдисаг тæлмытæ гом кæнæм. Уый руаджы та нæм ног куысты бынæттæ фæзыны, ахъаз у субъекты рæзтæн, — загъта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар.
Республикæйы исбонадæй Рахизфарсы районы исбонадмæ лæвæрд æрцыд Беслæны автостанцæйы фæзуат. Ахæм проект æмбырды архайджытæн сфидар кæнынмæ рахаста Цæгат Ирыстоны паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Районы хицауадæн фæдзæхст æрцыд Беслæны автостанцæйы куыст банывыл кæныны фарстамæ лæмбынæг æркæсын. Хицауады Сæрдар загъта, ныр къорд азы йæ сæйраг куыст чи нал кæны, уыцы автостанцæйы «ног цард» бауадзын, цæлхдуртæ та аиуварс кæнын хъæуы.
Æмбырды архайджытæ ма æркастысты кадрты фарстамæ дæр. Афтæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæгæй фидаргонд æрцыд Темырты Карен, Нымæцон рæзты комитеты сæрдары хæдивæгæй та — Калоты Амур.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here