Æрæджы республикæйы мыхуыры фæрæзты фæзынд Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Сидт. Уым ирон адæмы æвзæрст куырыхон лæгтæ сидынц хистæртæ æмæ кæстæртæм, æппæт Ирыстоны цæрджытæм, æппæт Уæрæсейы Федерацийы, стæй фæсарæнты цæрæг адæммæ, цæмæй хъахъхъæд æрцæуа нæ мадæлон æвзаг, нæ иумæйагдзинад. Уый фæдыл сæ хъуыдытæ зæгъынц æхсæнадон змæлды координацион советы уæнгтæ Моргуаты Эдислав æмæ Къубалты Солтан:
М.Э.: Æргом ныхасы къæм нæй, фæзæгъынц. Акæсæм-ма: абоны фæсивæдæй бирæтæ нæ райстой нæдæр фыдæлты фарнæй хай, нæдæр æгъдау, нæдæр мадæлон æвзаджы стыр хъомыс. Мæ хъустыл уайы кæйдæрты фарст — цæуылнæ? Уымæн æмæ уæлдæр ранымад хорзæхтæй бирæ хистæртæ сæхæдæг дæр вæййынц цух. Аххос цæй мидæг ис, зæгъгæ, исчи куы бафæрса, уæд уымæн дæттын дзуапп: нæ бæстæйы хицауады аххосæй ивгъуыд æнусы 60-70-æм азты нæ къух ауыгътам нæ мадæлон æвзагыл. Уæды рæстæджы чи схъомыл, уыцы фæлтæры минæвæрттæй бирæтæ нæ фæхъæстæ сты уæлдæр ранымад хæзнатæй, не сты Фарн æмæ Æгъдау хæссæг. Ай-гъай, дæхимæ цы нæ уа, уымæй куыд хъуамæ фæхай кæнай дæ кæстæртæн.
Къ.С.: Ирон Æгъдау æмæ Фарн хæссæг, фыццаджыдæр, мадæлон æвзаг кæй у, уый, æцæгæйдæр, дызæрдыггаг нæу. Иу хатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм нæ куырыхон зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстæ: «Национ хи ‘мбарынад æнæскъуыйгæйæ баст у национ æвзагимæ. Мадæлон æвзаджы мæлæт адæмы, æнæмæнг, æркæны сæфтмæ». Хуыздæр зæгъæн нæй. Цымæ уæдæ цы æмæ кæй зондæй архайынц мингай ирон ныййарджытæ, цæмæй рæзгæ фæлтæр æнæхай фæуа, æппæт дунейы ахуыргæндтæ дис кæуыл кæнынц, уыцы æнусты арфæй æрцæуæг æвзагæй? Цы сæ рауайдзæн нæ кæстæртæй? Æвæццæгæн, уырыс куыд фæзæгъынц: «Иваны, не помнящие родства».
М.Э.: Æвзаг æгъдаухæссæг кæй у, уый нæ куырыхон хистæртæй бирæтæ амонынц ирон фæсивæдæн. Фæлæ цы фадат хъæуы, цæмæй, зæйцæуæгау, Интернет æмæ фæсарæйнаг киноты фæрцы цы æнæуаг митæ кæлынц нæ кæстæртыл æхсæвæй-бонæй, уыдон бауыромынæн? Дызæрдыггаг нæу, уый, фыццаджыдæр, ныййарджыты азым кæй у. Уыдон сæхæдæг хъуамæ дæнцæг уой сæ хъæбултæн, уымæн æмæ æгъдау канд ныхæстæ не сты. Хъуамæ мах, хистæртæ, адæмы раз ма уæм æнæуаг, æнæгъдау, нæхи хъахъхъæнæм фыднозтæй фынджы уæлхъус. Афтæ куы уа, уæд нæм кæстæртæ дæр хъусдзысты, нæ ныхасæн аргъ кæндзысты.
Къ.С.: Разы дæн демæ. Æвзаг æмæ æгъдауæн æнæ кæрæдзи цæрæн нæй. Фæлæ, хъыгагæн, ис ахæмтæ дæр, иронау чи дзуры, афтæмæй æгъдау кæмæ нæй. Бирæтæм афтæ кæсы, цыма мадæлон æвзаг æрмæст дзурынæн æмæ дзурæджы æмбарынæн у. Уыдон раст не сты. Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, ирон дзырды дæсны Кокайты Тотрадзмæ кæддæр ахæм рæнхъытæ бакастæн: «… Абоны ныййарджытæ сæ цоты æмæ цоты цоты радав-бадав кæнынц кафджытæ, зарæггæнджытæ æмæ фæндырдзæгъдджыты къордтæм. Диссаг уый у, æмæ сæ ирон æвзаджы уроктæй фелвасынц æмæ сæ уыцы къордты цингæнгæйæ фæмидæг кæнынц… Мæ бар куы уаид, уæд абон æз афтæ бакæнин: кафджыты æмæ фæндырдзæгъдджыты къордтæм, фыццаджыдæр, исин, иронау хорз чи дзуры, уыдоны. Алы къордмæ дæр æрбахонин ирон æвзаджы дæсны ахуыргæнæджы æмæ-иу кафыны размæ ирон æвзаджы урок скæнид. Уый фæстæ каф, зар, цæгъд фæндырæй, цас дæ фæнды, уыйбæрц!»
М.Э.: Бирæ фæцæрæд Тотрадз, йе ‘мдзæвгæтыл цы зарджытæ арæзт æрцыд, уыдонæн сæ фылдæр систы адæмон. Æмæ сæм Ирыстоны дыууæ хайы цæрджытæ зæрдиагæй хъусынц. Стыр хъыгагæн, сбирæ сты, иронау æнæуд æмæ аслам зарджытæ чи фыссы, хъыллист-мыллист музыкæ сын чи ацæттæ кæны æмæ сæ тыхивæзт хъæлæсæй чи фæзары, ахæмтæ. Уыдон фæсивæдæн Чеджемты Æхсар, Кокайты Тотрадз, Бæцæзаты Юри æмæ Гæздæнты Булатæй зындгонддæр сты. Уымæн æмæ аслам аивад æнцондæр æмбарæн у. Афтæ мачи банхъæлæд, æмæ ацы рæнхъытæ мах нæхи равдисыны тыххæй фыссæм. Сусæггаг нæу: ирон газет чи кæсы, уый ирон æвзаг зоны. Мах уыдонимæ кæрæдзийæн нæ мæгуыры хъæстытæ нæ кæнæм. Фæнды нæ, цæмæй уыдон сæ кæстæрты дæр ирон æвзагыл фæцалх кæной, бинонты ‘хсæн дзурой сæ мадæлон æвзагыл, хъомыл сæ кæной нæ фыдæлты Æгъдау æмæ Фарныл. Æмæ ма иу хъуыды: ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ сывæллонæн цасфæнды куы хъарой ирон æвзаг, уæддæр æй нæ бауарздзæн, цалынмæ йæ цардхъом æмæ куыстхъомæй фена, уæдмæ. Нæ кæстæртæ сæ алфамбылай ирон æвзаг куы никæмæй хъусой, ирон чингуытæ куы нæ кæсой, бæрзонд къæлæтджынты бадджытæ иронау куы нæ дзурой æмæ фыссой, дуканиты æмæ уагдæтты нæмттæ абонау фæсарæйнаг æвзагыл фыст куы уой, уæд куыд бауарзой не ‘взаг?
Къ.С.: Кæддæр ма демæ ныхас кодтам хъомылады фарстатыл. Уацхъуыд газеты куы рацыд, уæд мын иу ныййарæг (газет ма чи кæсы, уыдонæй иу) афтæ зæгъы: «Мæ саби куы байрæза, уæд æй райдайдзынæн хъомыл кæнын». Мах дæр дæуимæ дæс æмæ дыууиссæдз азæй фылдæры размæ райстам ахуыргæнæджы дæсныйад. Куыд нын амыдтой уæлдæр скъолайы, афтæмæй сывæллоны хъомыл кæнын райдайын хъæуы йæ райгуырдæй фæстæмæ. Уæлдæр сдзырдтам Кокайты Тотрадзыл. Уый, журналист Цгъойты Хазбиимæ ныхас кæнгæйæ, афтæ загъта: «Сывæллоны йæ райгуырдæй фæстæмæ хъомыл кæнын кæй хъæуы, уый нæ фыдæлтæ хорз зыдтой, суанг ма-иу дæсаздзыд лæппуйæн цæвæг дæр æрцæттæ кодтой хосгæрдæнтæм, иннæ кусæн дзаумæттыл куы нæ дзурæм, уæд. Абоны сæрзилæджджын дуджы ныййарджытæ техникон фæрæзтæн сæхæдæг уыйбæрц ницы зонынц æмæ сæм афтæ кæсы, йæ сывæллон компьютеримæ куы архайа æхсæвæй-бонæй, уæд уый хорз у. Фæлæ уыцы компьютер сабийæн фылдæр зиан кæй хæссы, уæлдайдæр йе ‘нæниздзинадæн, уый йæ зонд нæ ахсы. Сывæллон компьютерæй раст куы нæ пайда кæна, уæд æй зыгъуыммæ фæндагыл асайдзæн, æмæ йæ уый фæстæ Бæрзондылбадæг дæр нал раздахдзæн раст фæндагмæ…» («Рæстдзинад», №208, 2016 азы джеоргуыбайы мæйы 10 бон).
М.Э.: Æз дæр бакастæн уыцы уацхъуыд, æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты Тотрадзы хъуыдытæ, уæлдайдæр, Быгъуылты Къолайы фыстытæй цы дæнцæг æрхаста, уый: «Знон дæр ма æфсæрмы цæмæй кодтам, уый абон зарын райдыдтам, æмæ райсом фæсмон нæ кæндзыстæм?» Кокайы-фырты загъдау: «Уыцы ныхæстæ стыр дамгъæтæй ныффыссын хъæуы радио æмæ телеуынады бæстыхайы сæрмæ. Фæлæ, дам, уый цензурæ у… Мæнмæ гæсгæ та уый цензурæ нæу, фæлæ æвзаг бахъахъхъæныны мадзал…»
…Кæронбæттæны нæ зæгъын фæнды: «Иры Стыр Ныхас» сиды æппæт ирон адæммæ, цæмæй сæфын ма бауадзæм, нæ фыдæлтæ нын хорзæй цы ныууагътой, уыдон — æвзаг, æгъдау, æфсарм æмæ рæсугъд фæтк. Сæйраг хæс у уыцы хæзнатæ рæсугъдæй нæ кæстæрты къухтæм раттын, уыдоны бындурыл хъомыладон куыст аразын.














