Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыры ном Абайты Мæирбеджы фырт Юрийæн лæвæрд кæй æрцыд, уый айхъуыст æппæт Уæрæсейыл дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ лæгдзинады хабæрттæ æмæ уæлахизтæ фыст æрцыдысты æппæт информацион фæрæзты дæр.
Уæдæ цавæр бинонтæй рацыд уыцы æхсарджын, хъæбатыр гуырд. Чи сты йæ бинонтæ, йе схъомылгæнджытæ, уый фæдыл уыдзæн нæ дарддæры ныхас.
Юри ма хæрзчысыл куы уыд, уæд-иу арæх бадт йæ фыдыфыд Цæраимæ æмæ-иу дыууæйæ сабыр, фæлмæн ныхас кодтой. Йæ дадайы фыд тынг арæх дзырдта, Юри мын инæлар уыдзæн, зæгъгæ. Чи зоны йыл уый арфæтæ æрцыдысты. Чи зоны йын йæ дадайы фыд дзырдта, Къобы ма куы цардысты, уæд сæ дард фыдæл Симон 15-16 азты Турчы хæсты цы сгуыхтдзинæдтæ æвдыста, кæнæ йе ‘фсымæры лæппу Абайты Мишæ — тæхæг булкъоны цин куыд райста, кæнæ се ‘ннæ ‘фсымæр Филип 1942 азы Харьков исгæйæ æбæрæгæй куыд фесæфт, уыцы хабæрттæ. Чи зоны та йын дзырдта, хæххон æвадат царды уавæрты рагфыдæлтæ цы диссаджы лæгдзинад, æхсар æмæ хъæбатырдзинад æвдыстой, уыцы хабæрттæ. Чысыл Юри та-иу, æвæццæгæн, мысыд, йæ фыд Мæирбег Республикæйы афгайнæгты цæдисы сæрдар куы уыд, уæд-иу сæ йе ‘фсымæр Олегимæ ахуырдзаутимæ патриотон хъомылады фембæлдтытæ æмæ хæстонты цыртдзæвæнтыл дидинджытæ сæвæрынмæ куыд ахуыдта, уыцы хабæрттæ, æмæ уæд сæвзæрд æфсымæртæм æфсæддон службæмæ уарзондзинад.
Юрийы фыд Мæирбег райгуырд Къобы. Йæ фыдыфыд Симонæн æртæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы уыди. Сæ хистæр — Цæра, Мæирбеджы фыд. Уый дæр цард-цæрæнбонты æфцæгыл метеостанцæйы фæкуыста. Скъолатæ æхгæнын райдыдтой, æмæ Мæирбеджы Дзæуджыхъæумæ 4-æм интернатмæ æрластой. Æвдæм къласмæ уым фæахуыр кодта, стæй горæты куы ‘рбынæттон сты, уæд 2-æм скъоламæ бацыд æмæ йæ каст куы фæцис, уæд бацыд Хъæууонхæдзарадон институтмæ. Афæдз ацахуыр кодта æмæ йæ æфсадмæ акодтой. Службæ кодта Молдавийы горæт Тирасполы. Мæй уым фæци, стæй сæ эшелонæй Кушкæмæ ‘рластой. Уым райстой хæцæнгарз, æмæ сæ бакалдтой Афганистанмæ. Уыдысты Кандагары. Кæимæ службæ кодта, уыдонæй алчидæр дзæбæхæй сæмбæлд йæ хæдзарыл.
Æфсадæй куы сыздæхт, уæд та фæстæмæ бацыд ахуырмæ, æрмæст — фæсаууонмæ, бон та кусгæ кодта завод «Бином»-ы. Уыцы рæстæг йæ цард сбаста Дигорайæ рацæугæ Туккаты Викторы чызг Алетæимæ. Кæрæй-кæронмæ кæрæдзи æмбаргæйæ, уарзонæй схъомыл кодтой æртæ лæппуйы æмæ иу чызг. Лæппуты хистæр Олег дæр йæ цард сбаста æфсадимæ. Ныртæккæ службæ кæны Смоленскы. Уый дæр уыди дыууæ хатты Цæцæны, дыууæ хатты — сæрмагонд æфсæддон операцийы. Астæуккаг, Юри, скъола нæма фæци, афтæмæй Суворовон æфсæддон училищæмæ бацыд. Уый каст куы фæци, уæд бацыд ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы æфсæддон училищæмæ. Куы йæ фæци каст, уæд æй арвыстой Дард Скæсæнмæ. Иу фондз азы бæрц баслужбæ кодта Хабаровскы, стæй йæ раивтой Цæцæнмæ. Уым дæр иу æртæ азы фæци, уырдыгæй та йæ арвыстой Сиримæ. Уым фæци афæдзы æрдæг. Уырдыгæй отпусчы куы ссыд, уæд дæс боны дæр нæ фæци хæдзары, афтæ райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци, æмæ йæ уырдæм арвыстой. Мæй дæр дзы нæ фæцис, афтæ фæцæф æмæ иу мæй фæхуыссыд Ростовы госпитæлы. Уырдыгæй йæ æрбарвыстой Дзæуджыхъæуы госпитæлмæ. Ам дæр ма иуцасдæр йæхи адзæбæхтæ кодта æмæ та ногæй ацыд Украинæмæ. Уæдæй фæстæмæ ис уым.
Кæстæр лæппу Георги каст фæци Хæххон-металлургон институт. Норильскы дæр акуыста, ныртæккæ вæййы Дзæуджыхъæуы.
Росгвардийы капитан Олег у Смоленскы облæсты терроризмы ныхмæ тохы управленийы хицауы хæдивæг. Æртæ азы службæ кодта сæрмагонд нысаниуæджы къорд «Меркурий»-ы. Дыууæ хатты командировкæйы уыди Цæцæны, дыууæ хатты та архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы. Ацы аз йæ цард баиу кодта Быгъдаты Мæдинæимæ, æмæ уал ныртæккæ цæрынц Смоленскы.
Мæирбег æмæ Алетæйы æртæ лæппуйы кæстæр у Маринæ. Уый дæр, йе ‘фсымæр Георги каст цы Хæххон-металлургон институт фæци, уырдæм бацыд ахуыр кæнынмæ. Æрмæст равзæрста металлургон нæ, фæлæ ма информацион технологиты факультет дæр. Хорз арæхсы ныв кæнынмæ дæр. Сæ мад куы фæзиан, уæд Георги дæр иу рæстæг æрбайсæфт æмæ разынд сæрмагонд æфсæддон операцийы рæнхъыты барвæндонæй. Фæлæ йæ Мæирбег йе ‘фсымæртæн ракæнын кодта, ам мæ иунæгæй кæдæм ныууагътат, зæгъгæ.
Юрийы фыдыхо Хъантемыраты-Абайты Фатимæ йæ цæгатимæ авд азы сыхæгтæй фæцардысты. Чындз æмæ ходыгъды ахастдзинæдтæ арæх нывыл нæ вæййынц, фæлæ Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй Алетæ йæ фыццаг бонæй фæстæмæ йæхи афтæ бауарзын кодта йæ хæрзæгъдау, æфсарм æмæ лæггадæй æрмæст мыггагæн, хиуæттæн нæ, фæлæ æгас сыхбæстæн дæр, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Кæстæрты —рæвдауæг, хистæртæн — лæггадгæнæг, йæ фæлмæн ныхас æмæ йæ цин дæр бирæйы аргъ уыдысты. Фарн æрбацыд Туккаты бынæттæй фæрнджын Абайты хæдзармæ, фæлæ йын бирæ цæрын нæ бантыст. Рæсугъд æмæ сыгъдæг фæд ныууагъта, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты.
Юрийы бинойнаг, сæ дыууæ лæппуйы Давид æмæ Аланы мад Алеся йæ рухсаггаг æфсины тыххæй загъта: «Уый мæнæн мад дæр уыдис æмæ хорз æмбал дæр. Уыцы хæдзармæ куы бакуывтон, уæд иунæг хатт дæр нæ банкъардтон, кæйдæр хæдзармæ æрбацыдтæн, уый. Сывæллæттæ куы фæзындысты, уæд мын иудадзыгдæр ахæм æххуыстæ кодта, æмæ мæ-иу тыхсын никуы ницæмæй бауагъта. Уыди цингæнаг, фæлмæнзæрдæ, хорз зондамонæг. Не ‘хсæн иунæг сусæгдзинад дæр нæ уыд. Хатгай-иу иумæ тезгъо кæнынмæ дæр рацыдыстæм дыууæ хойы хуызæн. Æрыгонæй æвиппайды æнæнхъæлæджы ацыд Алетæ ацы дунейæ. Æз æй тынг мысын. Æмæ æрмæст æз нæ, хистæр лæппу Давидыл 6 азы цæуы, æмæ йæ уый дæр арæх æрымысы, суанг ма йæ цæстытæ доны дæр разилынц. Юри фæцæф, уый куы базыдта, уæд дзургæ уый бæрц ницы кодта, фæлæ йæ хъæбулыл зæрдæ куыд риссы, уый хатыдтам не ‘ппæт дæр æмæ йын архайдтам ныфсытæ æвæрыныл. Бынтон зæрдæцæф та йæ фæкодта, йæ хистæр лæппу Оледжы дæр сæрмагонд æфсæддон операцимæ куы акодтой, уæд».
Æнгом бинонты ‘хсæн бахъомыл Юри, стыр ныфс ын сты йæ хæстон хъуыддæгты дæр, æмæ йæ къухы уæлахизтæ дæр уымæн æфты.
Касаты Батрадз















