Дзæуджыхъæуы иувæрсты цы фæндаг цæудзæн, уый арæзт фæуыдзæн 2026 азы. Ныртæккæ объектыл æрвылбон кусынц 25 адæймаджы, сæрмагонд техникон фæрæзтæ – 7.
Дзæуджыхъæу Цæгат Кавказы федералон зылды иунæг горæт у, йæ иувæрсты фæндаг кæмæн нæй, ахæм. Æртæ азы размæ йæ райдыдтой аразын, ныридæгæн йæ 70 проценты цæттæ у. Йæ дæргъ у фынддæс километры, уыдзæн дзы, алкæмæн дæр йæ уæрх æртæ метры æмæ æрдæг кæмæн у, ахæм цыппар уадздзаджы. Ныртæккæ специалисттæ бавнæлдтой хидтыл ахизæнтæ банывыл кæнынмæ.
Ацы егъау проектæн уагъд æрцыд æртындæс миллиард сомы. Аразынц дзы, дыууæ æмвæзады кæмæн ис, ахæм æртæ транспортон райхæлды æмæ авд фæндаджы уадздзаджы, фæндагыл æвæрд æрцыд рухсытæ. Проект куы арæзтой, уæд стыр æргом аздæхтой экологийы фарстатæм, сыгъдæггæнæн амаддзæгтæ уыцы-иу рæстæг сæвæрдтой фæндаджы уадздзæгтыл аст раны. Æппæт чъизи дон дæр дыууæ хатты сыгъдæггонд цæудзæн, стæй-иу уæд æрдзон ландшафтыл дарддæр акæлдзæн, Черная речка кæй хонынц, уыцы цæугæдонмæ.
Фæндаджы арæзтад æртæ хайыл адих кодтой. Фыццаг дыууæйыл куыст сæрæнæй цæуы. Фæндаджы уæлцъар æмбæрзынц æртæ фæлтæры асфальтбетонæй. Катоктæ йыл аст хатты бацæуынц æмæ йæ нæмынц, фидар æй кæнынц. Æртыккаг транспортон райхæлды куыстытæм нырма нæма бавнæлдтой, уымæн æмæ проект ивд æрцыд, ныртæккæ йын Мæскуыйы экспертизæ кæнынц.
Ныридæгæн цы куыстытæ бакодтой, уыдон егъау æмæ ахадгæ сты. Ныртæккæ æппæт аразгæ амаддзæгтæ дæр сæ бынæттæ ссардтой, æмæ ныр аразджытæ бавнæлдтой æфсæнбетон куыстытæм. Дзæуджыхъæуы иувæрсты фæндагыл цæудзæн æппæт транзитон транспорт иннæ регионтæм, æмæ уый руаджы горæты уынгтæ фæуæгъддæр уыдзысты.
Гапбаты Алетæ













