Уæрæсейы фыццаг къорды футболон чемпионаты ивгъуыд сабаты командæтæ акодтой сæ 27-æм хъæзтытæ.
Дзæуджыхъæуы «Алани» уыцы бон йæхи фæзыл (Грознайы) фембæлд, чемпионаты 17-æм бынаты чи цæуы, уыцы командæ «Волгарь»-имæ.
«Алани»-йы иузæрдион фарсхæцджыты уырныдта, ацы хатт нæ командæ кæй нал фæкъуыхцы уыдзæн æмæ сын рамбулын кæй бантысдзæн, фæлæ та сæ нæ хъазджытæ фæфыдæнхъæл кодтой.
ФК «Алани»-йы рæнхъыты хъазыдысты: №1 – Ростислав Солдатенко, №4 – Хъæцмæзты Сослан, №5 – Багаты Алан, №3 – Плиты Константин, №19 – Бутаты Аллон (57’ – Хæбæлаты Алан №77), №11 – Цоциты Алан (68’ – Гаглойты Тарас №37), №6 – Заур Тарба (78’ – Хуыгаты Алан №8), №7 – Гуырцъыты Батрадз, №15 – Цæллагты Ибрагим, №14 – Ислам Машуков, №10 – Хæдарцаты Батрадз (68’ – Цæраты Алан №22).
Алайнæгтæ хъазт райдыдтой размæ цæуыны зондæй. Бæрæг уыд, сæ фарсхæцæг футболуарзджыты зæрдæтæ барухс кæнын кæй фæнды, уый. Фыццаг таймы æппынкъаддæр 3-4 хатты хæстæг уыдысты хыгъд байгом кæнынмæ, фæлæ та-иу сын фæстаг цæф нал фæрæстмæ. Бæргæ зæрдиагæй архайдтой уазджыты фидæрттæ басæттыныл – Хæдарцаты Батрадз, Ислам Машуков, Гуырцъыты Батрадз, Цæллагты Ибрагим æмæ суанг нæ хъахъхъæнджытæ дæр, фæлæ та ацы хатт дæр сæ иумæйаг хъазтæн цыдæр нæ фаг кодта.
Фыццаг тайм ахицæн 0:0 хыгъдæй. Хъазт куыд цыд, уымæ гæсгæ уырныдта, алайнæгтæн рамбулын кæй бантысдзæн, уый.
Хъазты дыккаг хай дæр та райдыдта ирыстойнæгты размæ цыдæй. Пурти фылдæр уыди уыдонмæ. Къорд хатты сарæзтой хорз уавæртæ хыгъд байгом кæнынæн, фæлæ сын суанг 80-æм минутмæ рæстдзæвин фæуын нæ бантыст. Хъазты кæронмæ ма 10 минуты куы баззад, уæд, фысымты ныббырст уромгæйæ, уазджытæ сæ иварон фæзы хъазты фæтк фехæлдтой, æмæ сæ тæрхонгæнæг 11-метрон цæфæй фæивар кодта. Ацы уавæрæй иттæг хорз спайда кодта Гуырцъыты Батрадз æмæ пурти уазджыты дуары хызыл сæмбæлын кодта. «Алани» размæ рацыд 1:0 хыгъдæй æмæ, Грознайы стадионы чи уыди, уыцы ирыстойнаг футболуарзджыты цинæн кæрон нал уыд. Хъыгагæн, ацы цин бирæ нæ ахаста. 85-æм минутыл та, фысымтæ цы рæдыд æр-
уагътой, уый сраст кæнын нæ дуаргæс Ростислав Солдатенкойæн дæр нал бантыст, æмæ «Волгарь»-ы размæбырсæг Вячеслав Кротовы æнæрæдигæ цæфы фæстæ хыгъд ссис 1:1. Уымæй ма цыппар минуты фæстæдæр та 89-æм минутыл фæныфсджынуæвæг уазджытæ æвиппайды цы ныббырст ацарæзтой, уымæй алайнæгтæ сæ дуар бахъахъхъæнынмæ нал фæцарæхстысты, æмæ «Волгарь»-ы хъазæг Никитæ Маляров «Алани»-йы дуары бакъуырдта дыккаг гол. «Волгарь» фæуæлахиз 2:1.
Зын зæгъæн у, цæмæн афтæ слæмæгъ «Алани»-йы хъазт, цы нæ фаг кæны нæ командæйæн, цæй аххосæй æруадзы уый бæрц рæдыдтытæ. Æнæмæнг, ацы аххосæгтæй иу у, ныр уал азы нæ футболисттæ фæндаггонты цард кæй кæнынц æнæ хи стадионæй, фæлæ ма дзы ис æндæр лыггæнинаг фарстатæ дæр.
Уый тыххæй «Алани»-йы сæйраг тренер Евгений Калешин загъта: «Нæ абоны хъазтæй мах нæхæдæг дæр разы не стæм. Æгæр бирæ рæдыдтытæ кæй уадзæм, уымæн йæ аххосæгтæ хауынц, куыд хъазджытæм, афтæ махмæ дæр. Сæ сраст кæныныл хъæуы кусын, æмæ мах ууыл архайæм.
Алчидæр хъуамæ сæтта йæ рæдыдыл æмæ архайа сæ аиуварс кæныныл. Ныртæккæ нæ командæ цы уавæры ис, уый, æвæццæгæн, бадомдзæн, ивддзинæдтæ бахæссын куыд хъазджыты, афтæ тренертæ æмæ клубы иннæ кусджыты ’хсæн дæр. Мæн уырны, «Алани» та искуы уæлдæр къордмæ кæй рацæудзæн, уый, уымæн æмæ у уыцы бынаты аккаг».
Командæты фембæлдтытæ ахицæн сты ахæм хыгъд-
тимæ: «Родина» – «Химки» – 1:2, «СКА-Хабаровск» – «Енисей» – 3:0, «Тю-
мень» – «Нефтехимик» – 0:3, «Акрон» – ПФК «Кубань» – 6:0, «Ленинградец» – «Сокол» – 0:2, «Алания» – «Волгарь» – 1:2, «КамАЗ» – «Черноморец» – 1:0, «Шинник» – «Динамо» (Махачкала) – 0:1, «Торпедо»–«Арсенал» – 1:1.
Баскаты Уырызмæг














