Зæрдæхæларæй – адæмæн

0
209

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом гипермаркет «Лентæ». Æрхонкæйы зылдмæ хæстæг 10 мин квадратон метрыл цыбыр рæстæгмæ арæзт æрцыд стыр дукани. Кусдзæнис æхсæвæй-бонæй. Уæрæсейы бирæ регионты «Лентæ» æнтыстджынæй кусы бирæ азты. Ныр та Цæгат Ирыстоны фæлхасгæнджытæн лæггад кæнынмæ у цæттæ.

Куыд базыдтам, афтæмæй дзы кусы 140 адæймаджы бæрц, иууылдæр сты бынæттон цæрджытæ. Цæмæй базарадон объект æркуса, уый тыххæй бахардз кодтой 400 милуан сомæй фылдæр. Йæ æддаг бакаст куыд аив у, афтæ райдзаст у æппæт бæстыхай дæр.
Кадджын мадзалы архайдта нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Гипермаркет «Лентæ»-йы тыгъдады генералон директор Виталий Вальковимæ лент алыг кодтой.
– Æхсызгон у, федералон базарады ахæм стыр архайæг махмæ кæй æрбынæттон. Уый дзурæг у, инвестортæ нæм кæй тырнынц æмæ рæзты фæндагыл кæй цæуæм, ууыл, – загъта Сергей Меняйло æмæ арфæ ракодта аразджытæ, æмæ дзы чи кусдзæн, уыдонæн.
Ирон æгъдаумæ гæсгæ рахастой æртæ чъирийы æмæ бæгæны, æмæ сæ хистæр скуывта.
Алы регионы дæр «Лентæ»-йы куысты нысан у бынæттон товаруадзджыты продукци уæй кæнын. Æцæгæйдæр, тæрхæджытыл фенæн уыд нæхимæ конд хойраджы товартæ. Асламдæр аргъæй дзы балхæнæн ис хæдзары æнæмæнгхъæугæ дзаумæттæ. Гипермаркетмæ бахизæны бæрæгбон амонæг хъæлдзæг дардта адæмы, сывæллæтты ирхæфстой аниматортæ, раттой сын адджын лæвæрттæ, шартæ.
Амондджын бон байгом уæд ног дукани, цы бирæ адæм дзы æрбамбырд, уыдон та зæрдæрухсæй здæхæнт сæ хæдзæрттæм.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here