Сӕрмагонд хыгъдмӕ ӕххуыс хӕццӕ кӕны

0
277

Курскы облӕстӕн баххуысы тыххӕй цы сӕрмагонд хыгъд байгом кодта Цӕгат Ирыстон, уырдӕм цыппар  бонмӕ ӕрбафтыд 1,5 милуан сомы. Ацы хӕрзаудӕн акцимӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон ӕрбаиу уӕвын у.

Дзӕуджыхъӕуы рекламон агентадтӕй иуы райдыдтой баннертӕ уадзын, ӕрцауындздзысты сӕ горӕты уынгты. Уым бӕрӕг уыдзӕн  — код, цӕмӕй фӕрӕзтӕ ӕрвитын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй. Ахӕм хъӕппӕрис равдыста республикӕйы Сӕргълӕууӕг, йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстон цӕттӕ у, йӕ цӕрӕн бынӕттӕ ӕнӕбары чи ныууагъта, ахӕм 80 адӕймаджы суазӕг кӕнынмӕ. ӕрбынат кӕндзысты рӕстӕгмӕ фӕцӕрыны пунктты.

Цӕгат Ирыстоны сӕрмагонд хыгъд фӕзынд «Сывӕллӕтты уӕрӕсейаг фонд»-ы регионалон хайады фӕрцы. Йӕ разамонӕг Денис Федорович куыд зӕгъы, афтӕмӕй нӕ граждӕнтӕн уазал зӕрдӕтӕ нӕй, кӕддӕриддӕр баххуысмӕ цӕттӕ сты. «Ахӕм ӕххуыс хъӕуы, мах ӕууӕндӕм, тагъд дзы дзӕбӕх фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн ӕмӕ сӕ Курскы облӕсты цӕрджытӕн арвитдзыстӕм», — фӕбӕрӕг кодта фонды регионалон хайады хицау.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here