Хӕстонтӕн ӕххуыс

0
193

Ӕрвылбон Ирыхъӕуы Мады-Майрӕмы аргъуаны кӕртмӕ Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕутӕй чи ӕрбацӕуы, уыцы сылгоймӕгтӕ сӕ хӕсыл нымайынц сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы архайджытӕн баххуыс кӕнын.

Алыхуызон адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ дины минӕвӕртты ӕрбамбырд кодта нӕ хӕстонты уӕлахизмӕ тырнындзинад. Арӕныл уавӕр сӕ архайд фӕхъомысджындӕр кодта. Волонтерты змӕлд «ZZZ- Осетия», йӕ сӕргъы Маринӕ Николайы чызг Кулакова, ӕвӕллайгӕйӕ архайы, хӕстонты цы фӕхъӕуы, уый самал кӕнын ӕмӕ сӕм ӕй фӕхӕццӕ кӕныныл. Ис ын комкоммӕ бастдзинад семӕ. Ацы бонты цы хызтӕ бийынц, уыдон фабричы уагъдӕй хицӕн кӕны уый, ӕмӕ сӕ тепловизор нӕ иртасы. Хӕстонтӕ йӕм куы фӕхабар кодтой, ахӕм хызтӕ нын рарвитут, уӕд ӕвӕстиатӕй бавнӕлдта хъуыддаг ӕххӕст кӕнынмӕ, дыууӕ бонмӕ ӕрӕмбырд кодта 70 мин сомӕй фылдӕр, ӕмӕ уый фӕрцы волонтер-сылгоймӕгтӕ ӕххӕст кӕнынц хӕстонты радон заказ. Аргъуаны кӕрты сӕ баййӕфтам сӕ куысты уӕлхъус. Къораты Людӕ фыццаг хатт ӕрбацыд ӕххуысмӕ.

— Нырма мын хорз нӕ уайы, фӕлӕ фӕцалх уыдзынӕн, — зӕгъы волонтер.

— Нӕ фаг кӕны, чи нӕм фӕкӕса, ахӕм адӕймӕгтӕ. Дыууӕ-ӕртӕ сахаты куыст дӕр нын стыр ӕххуыс у. Ссӕдз минутмӕ ис бийыныл сахуыр кӕнын, — тыхстӕй нын дзуры къорды уӕнг Тлаттаты Маринӕ. Бирӕтӕ сӕм ӕрбацӕуынц суткӕ бакусыны фӕстӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ зонынц, цы хъуыддагыл хӕст сты, уый ахсджиаг кӕй у: дронтӕ ӕмӕ ӕнӕтӕхӕг аппараттӕ кӕй не ‘взарынц, уыцы хызтӕ тынг хъӕуынц нӕ хӕстонты, хъахъхъӕнынц сын сӕ удтӕ.

Канд хызтӕ нӕ бийынц сылгоймӕгтӕ, хӕдзӕртты хуыйынц базтӕ, аразынц акъоппы цырӕгътӕ, хус кӕнынц адджын гуылты кӕрстытӕ, ӕмбырд кӕнынц телевизортӕ ӕмӕ сӕ ӕрвитынц хӕстонтӕн. ӕрӕджы сӕм фӕхӕццӕ кодтой 50 телевизоры. Хӕстон уавӕрты нӕ лӕппуты хъӕуы ролтортӕ, приемниктӕ, ӕхсӕн машинӕтӕ, химӕ зилӕн дзаумӕттӕ. ӕппӕт уыдӕттӕ ис ӕрбахӕссӕн Ирыхъӕуы Мады-Майрӕмы аргъуанмӕ. Хӕрзаудындзинад бакӕнынмӕ чи тырны, уыдонӕн дӕттӕм телефоны номыр, бадзурӕн ӕм ис цавӕрфӕнды рӕстӕг дӕр:

8-906-188-66-15. Уӕ хорзӕхӕй, ма фӕзивӕг кӕнут.

ХУЫБИАТЫ Ларисӕ,

авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here