Хохы цъупмӕ схызтысты ӕхсызгон цау

0
187

 

Географион наукӕты доктор, Уӕрӕсейы наукӕты сгуыхт архайӕг, Цӕгат

Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргӕнӕг БЕРУАТЫ Барисы кадӕн кӕй схуыдтой, Уырыссаг географион ӕхсӕнады регионалон хайады уӕнгтӕ ӕмӕ 2001 азы амынд ахуыргӕнӕндоны географи ӕмӕ геоэкологийы факультет кастфӕуӕвӕг адӕм Географы боны агъоммӕ Джимарайы рагъы 3596 метры бӕрзӕндӕн ахӕм хохы цъупмӕ схызтысты.

Беруайы-фырт географи кӕмӕн бауарзын кодта, хохмӕ схызты ӕппӕт уыцы архайджытӕ сты йӕ раздӕры студенттӕ. Джимарайы рагъы ӕнӕном хӕхтӕй иуӕн Барисы ном кӕй радтой, уый базонгӕйӕ, амынд факультет кастфӕуӕвджытӕ хохмӕ схизын ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уарзон ахуыргӕнӕгӕн кад скӕныны фӕнд скодтой. Вазыгджын маршрутыл цӕугӕйӕ, географтӕ авд сахатмӕ хохы цъупмӕ схызтысты ӕмӕ дзы Уырыссаг географион ӕхсӕнады тырыса ӕрсагътой.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here