Фыдбылыз ма ‘руадзынӕн

0
165

Уӕвӕн ис, ӕмӕ хи хӕдзары кӕртмӕ дӕр рацӕуӕг сывӕллон фӕндагон-транспортон фыдбылызы архайӕг суыдзӕн. Автоинспектортӕ Дзӕуджыхъӕуы хӕдзӕрттӕм ӕввахс территоритӕм рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕрбацӕуынц (уӕлдайдӕр та — изӕрыгон).

Терчы былгӕрӕттӕм хӕстӕг чи у, Коцойы-фырты уынджы хӕдзӕрттӕ ӕрбынӕттон сты ахӕм фӕлладуадзӕн тӕлммӕ ‘ввахс ран. Ӕдасдзинадыл нӕ хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕндаджы сӕрты ӕнӕмбӕлгӕ рӕтты хизгӕйӕ, хатгай фӕсивӕд фистӕгӕй, кӕнӕ хи сӕрмагонд цӕуыны фӕрӕзтӕй тезгъо кӕнын райдайынц. Велосипедтӕй, науӕд электросамокаттӕй цӕуӕг сывӕллӕттӕй иуӕй-иутыл 14 азы дӕр нӕма сӕххӕст.

Велосипедтӕй ӕмӕ электросамокаттӕй цӕуын куыд ӕмбӕлы, барадхъахъхъӕнджытӕ фӕсивӕдӕн уыдӕтты тыххӕй хабӕрттӕ радзырдтой, стӕй сын рухс фӕстӕмӕздахӕг брелоктимӕ тематикон сыфтӕ радтой.

Фыдбылызтӕй тӕссаг кӕм у, ӕрвылбон пъӕлицӕйы кусджытӕ Дзӕуджыхъӕуы фӕндӕгты ахӕм хӕйттыл рад кӕд хӕссынц, уӕд дӕр сывӕллӕттыл фыдбылызтӕ ӕрцӕуынц ӕнӕнхъӕлӕджы рӕтты. Фӕндагыл уӕвӕг сывӕллоны ӕдасдзинад аразгӕ у транспортон фӕрӕзты скъӕрджытӕй, стӕй, ныййарджытӕ фӕндагыл цыды фӕткыл сывӕллоны ахуыр кӕнынц ӕви нӕ, уымӕй. Сабийы цардӕн аргъ кӕй нӕй, уый уӕ рох ма уӕд!

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады паддзахадон автоинспекцийы пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here