Бӕлццӕтты ласдзысты «зӕронд» аргъыл

0
165

Фӕстаг цалдӕр боны редакцимӕ бирӕ адӕм сӕ хъаст ӕрбахастой телефонӕй, Дзӕуджыхъӕуы транспортон маршруттӕй кӕцыдӕрты фӕндаггаг кӕй фӕзынаргъдӕр, уый тыххӕй. Ома, 25 сомы нал, фӕлӕ исынц 30 сомы. Уымӕй размӕ республикӕйы хицауады оргӕнтӕ хъусын кодтой, аргъ нӕ фӕфылдӕр уыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд, дам, ай цы хабар у, зӕгъгӕ, бӕлццӕттӕ сӕ маст нӕ уромынц. Уыцы информаци рапарахат социалон хызтӕй дӕр.

Алчидӕр ӕмбары, ӕргътӕ уӕлӕмӕ цӕуынц, артаг фӕзынаргъ, ивӕн хӕйттӕ — иннӕ ахӕм, фӕлӕ бӕлццӕтты дӕр бамбарын ӕмбӕлы — мызд нӕ рӕзы, авналӕнтӕ — цыбыр, иннӕ ахӕм та ма, адӕм маршрутон такситы ӕрлӕууӕнты ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй сфӕлмӕцынц, хатгай 30-40 минуты, йе та фылдӕр рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ.  Уавӕр фӕбӕлвырддӕр кодтой Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон администрацийы. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй горӕты цалдӕр маршруты бӕлццӕттӕ ласыны аргъ 30 сомы чи скодта, уыдон фӕстӕмӕ зӕронд аргъ сӕвӕрдтой — 25 сомы.  Мэрийы пресс-службӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй бӕлццӕттӕ ласӕг горӕты транспорты управленийӕн, куыд дзуапдӕттӕг оргӕнӕн, фехъусын кодта, закъон цы ӕмгъуыд амоны, уымӕ гӕсгӕ бӕлццӕттӕ ласӕггаг аргъ кӕй фӕфылдӕр кодта. Тарифы рӕзт, амалхъом куыд зӕгъы, афтӕмӕй баст у, артаг ӕмӕ сӕрдӕн ӕрмӕг, ивӕн хӕйттӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хъуыддӕгтӕ зынгӕ кӕй фӕзынаргъдӕр сты, уыимӕ.

«Фӕлӕ кусӕг фембӕлды рӕстӕг Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон администрацийы транспортон управлени ӕмӕ бӕлццӕттӕ ласӕг амалхъомтӕ ӕрцыдысты иу хъуыдымӕ — нырма ӕргътӕ фӕбӕрзонддӕр кӕныны афон нӕма у, адӕмы ӕфтиӕгтӕ ныллӕг кӕй сты ӕмӕ сентябрӕй фӕстӕмӕ бӕлццӕтты нымӕц зынгӕ кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн, уый хынцгӕйӕ», — фӕбӕлвырд кодтой горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

Ныртӕккӕ уал маршрутон такситы иу балцы аргъ, куыд уыди, афтӕмӕй баззад — 25 сомы.

ГАПБАТЫ Алетӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here