Афӕдзы ацы афон нӕ республикӕйы алы хъӕуы, хӕхбӕсты у бӕрӕгбӕтты рӕстӕг. Афтӕ та Джызӕлы цӕрджытӕ сбӕрӕг кодтой сӕ традицион — Галзилӕны бӕрӕгбон. Ацы аз куывд кӕныны кадджын хӕс ӕвӕрд уыд ӕлдаттаты бинонтыл.
Куывдмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм — куыд, хъӕуы ныры цӕрджытӕ, афтӕ, ардыгӕй хуыздӕр цардагур чи ацыд, уыдон дӕр. Уый та уый бӕрӕггӕнӕн у, ӕмӕ Галзилӕн, фыдӕлтӕй баззайгӕ рӕсугъд ӕгъдау, абон дӕр нӕ адӕмы иудзинад ӕмӕ ӕнгомдзинадӕн стыр ахъаз кӕй у. Фысымтӕ бацӕттӕ кодтой канд бӕркадджын фынгтӕ нӕ, фӕлӕ ма цымыдисаг программӕ дӕр.
Бӕрӕгбоны уидӕгтӕ цӕуынц рагзаманмӕ. Нывондгонд гал схӕссынц уӕлдай сыгъдӕг уавӕрты, цӕмӕй йӕ Рыны бардуаг айса. Джызӕйлӕгтӕ сыгъдӕг хъуыдытӕ ӕмӕ аив уӕлӕдарӕсы нывонд гал уынгты ракӕнынц, сылгоймӕгтӕ, хӕдзары ‘фсинтӕ, сӕ кувинӕгтӕ дуармӕ рахӕссынц, ӕмӕ алчи йӕ бинонты дзуарыл бафӕдзӕхсы. Афтӕмӕй кусӕрттаг кувӕндонмӕ бахӕццӕ кӕнынц ӕмӕ йӕ табугӕнӕн бынаты ӕртӕ хатты бӕласы алыварс ӕрзилын кӕнынц. Уый фӕстӕ ралӕууы ӕртӕ кӕрдзын скувыны рад. Ам зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ историктӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй Джызӕлы кувӕндон равзӕрд дыууӕ ӕнусы размӕ. Цӕрджытӕ уыцы заман тох кодтой, бирӕ адӕмы, уӕлдайдӕр — рӕзгӕ фӕсивӕды цард чи ахаста, ахӕм карз низимӕ. Уӕд хъӕуы хистӕртӕ уынаффӕ рахастой ӕмӕ хохы кувӕг адӕммӕ ӕххуысагур фӕцыдысты.
Таурӕгъ у, ӕви ӕцӕг хабар куыд зӕгъы, афтӕмӕй сын загътой, урс гал нывондӕн аргӕвдут, зӕгъгӕ. Фӕзылдысты, фӕлӕ ахӕм гал никӕмӕ разынд. Ногӕй та бахатыдысты Гуццаты кувӕг лӕгтӕм, ӕмӕ сын уыдон загътой, иу хатт ма лӕмбынӕгдӕр фенут, ис, дам, иу хӕдзары ахӕм урс нывондгонд гал.
Ссардтой йӕ ӕмӕ йӕ Рыны бардуагӕн нывондӕн ӕрхастой. Уымӕй гыццыл рӕстӕг рацыд, ӕмӕ хъӕубӕстӕ сӕ карз низы ахӕстӕй фервӕзтысты. Ацы бынаты та цӕрджытӕ сарӕзтой кувӕндон.
Галзилӕны бӕрӕгбон Джызӕлы цӕрджытӕ ӕрвылаз сбӕрӕг кӕнынц августы ӕртыккаг хуыцаубоны. Алы аз дӕр ӕм рагацау бӕстон сӕхи бацӕттӕ кӕнынц. ӕртыгай уӕливыхтӕ, мысайнагимӕ фӕцӕуынц кувӕндонмӕ, дзуары лӕгтӕ сӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ скувынц, уӕларвон тыхтӕй ракурынц амонд, ӕнӕниздзинад, сабыр цард, фӕрныгад ӕмӕ рӕсугъд фидӕн сӕ кӕстӕртӕн. Ахӕм уагыл ацыд бӕрӕгбон ивгъуыд хуыцаубоны дӕр. Ноджы ма, Ирыстонӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы чи архайы, уыцы фӕсивӕды бафӕдзӕхстой Хуыцау ӕмӕ йе сконд зӕдтыл.
Куыд иннӕ азты, афтӕ та джызӕйлӕгтӕ рухс цӕсгӕмттимӕ сӕмбӕлдысты сӕ уазджытыл Октябрыхъӕу, Ногир, Олгинскӕ ӕмӕ Ирыстоны иннӕ хъӕуты минӕвӕрттыл. Адӕм кӕрӕдзи федтой, кӕрӕдзийыл зӕрдиагӕй фӕцин кодтой. Куывды куыд вӕййы, афтӕ дзы райхъуыст зард дӕр, уыдис дзы бынат ирон кафтӕн дӕр.
ГАПБАТЫ Алетӕ














