Республикæйы хæдзарæдты кæронмæ фæхæццæ кæнынц хорæфснайæнтæ. Ацы азы тыллæгæрзад алыхуызон рауад зæхкусджытæн. Хъæууон хæдзарады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæззыгæндтæ, рапсимæ нымайгæйæ, бафснайдтой 55 101,5 гектары, иумæйагæй – тыллæг систой 143 187,5 тоннæйы. Уыцы нымæц, фаронимæ абаргæйæ, фылдæр рауад.
Кæронмæ фæхæццæ кæнынц нартхорæфснайæнтæ дæр. Хуыздæр хæ-дзарæдты гектар дæтты 42,4 тоннæйы. Мæздæджы районы зæхкусджытæн цы уавæрты цæуы сæ архайд, уый фæдыл нæ уацхæссæгæн районы хъæууонхæдзарадон управленийы хицау Æлхъацаты Зауыр радзырдта:
– Зæхкусæг боны хъæдмæ куы кæса, уæд фæззæджы йæ фæндтæ нæ сæххæст уыдзысты. Мæздæджы районы зæхкусджытæ уый хорз зонынц, æмæ, сæ гæнæнтæ куыд амонынц, сæ куыст афтæ аразынц. Егъау хæдзарæдты донхорыггонд цы зæххытæ цæуынц, уыдоны хорз тыллæг æрзад.
Зæгъæм, Цыбырты Магометы зæхкусæг-фермерон хæдзарады зынаргъ мæнæуы хуызæй систой 50 центнеры гектарæй, «Белл – Агро»- йы – 48 центнеры, Бицъоты Георгийы хæдзарады – 42 центнеры æмæ зæхкусджыты фермерон
хæдзарад «Ваниев» – 38 центнеры гектарæй. Уыдон æвзæр бæрæггæнæнтæ не сты. Сухотскийы, Хурыхъæуы, Веселæйы хæдзарæдты фæзуæттæ æрмæст фæйнæ сæдæ гектары ахсынц, техникæ сæм, цы хъæуы, уыйас нæй, æмæ сæ уавæртæ нæ амонынц бæрзонд тыллæг æрзайын кæнынæн.
Зынаргъ мæнæуы хуызтæм зæхкусджыты бахъуыд рахизын, уымæн, æмæ холладжы мæнæу уæй кæнын сзын, нæй йын æлхæнæг. Иуæй, фосдарыны къабаз фæцудыдта, иннæмæй – хъæбæрнозт уадзæг куыстуæтты фылдæр хай æхгæд æрцы-
дысты. Мæнæу куы най кодтой, уæд йæ аргъ 12 сомы уыд, ныр фæзынаргъдæр, æмæ йæ æлхæнынц 15 сомæй. Холладжы мæнæу пайдахæссæг культур кæй нал у, уый хыгъд хæдзарæдтæ рахызтысты техникон культурты куыстмæ. Рапсы килæйы аргъ у 28-33 сомы, бæлтæрна – 33 сомы онг, нут – 42 сомы. Æлхæнæг дæр агурын нæ хъæуы.
Районы карст фесты нартхоры хуымтæ. Фæзуæттæ донхорыггонд кæм цыдысты, уым зæхкусджытæ гектарæй нартхор систой 71 центнеры. Цыппар азы размæ донхорыггонд зæххыты фæзуат схызт 2000 гектармæ. Хъыгагæн, зындгонд аххосæгтæ бакъуылымпы кодтой нысангонд хъуыддæгтæ æруромын. Хуыздæр тыллæг æрзайын кæнын сæ къухы бафтыд ООО «Колос»- ы Гелиты Николай, СПК «Заря»-йы Резван Абуков, Илья Элисханов сæмæ Руслан Закароевæн.
Мæздæджы районы рапс райдайынц августы кæрæтты тауын, мæнæу та — сентябры астæу. Фæлæ зæхкусджытæ ныкъкъуы-лымпы сты. Къæвдатæ кæй нæй, уый тыххæй уыцы куыстмæ нæма бавнæлдтой – хус мæры гага куы ныппарай, уæд тау не суадздзæн, бампылдзæн йæхи мидæг. Дзæбæх
хъуамæ рауара, зæххы ахъара къæвдайы дон, æмæ уæд фидæны тыллæгæн бындур сæвæрынмæ дæр ис бавналæн.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
къамтæ ист сты
Хъæууон хæдзарады
министрады
пресс-службæйæ














