Зындзинæдтæн бафæразы, йæ туджы æгъдау æмæ уæздандзинад кæмæн фæзилдух кæнынц, уыцы адæймаг. Уымæн æмæ йыл йæ хæдзары сфæлтæрынц хæрз чысылæй. Сывæллон йæ ныййарджыты фæлтæрддзинад райсыныл фæархайы.
Бинонтæ сбирæ кæныны хъуыддагмæ стыр æргом здахы нæ бæстæйы Президент Владимир Путин, уæдæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр фарстамæ къæрцхъус у. Сабиты хъомыладмæ дæр уæлдай æргом здахынц. Раздæр-иу ирон хæдзары хъомыл кодтой 12-16 сывæллоны, царды-иу уæндон къах-
дзæфтæ акодтой.
Мæ уацхъуыды хъайтартæ сты Заманхъулы цæрæг Дзиуаты Габат æмæ Лезайы чызджытæ. Æмткæй райсгæйæ, ацы кадджын хистæртæ схъомыл кодтой фондз чызджы æмæ æхсæз лæппуйы. Уыдысты куыстхъом, фæллой кодтой республикæйы алы куыстуæтты, фæлæ сæ цард сæ фылдæрæн ахицæн, фæцыдысты сæ мад, сæ фыды фæндагыл.
Ныртæккæ ма дзы удæгас сты Варычкæ æмæ Зинæ, сæ сыхбæстимæ, хъæубæстимæ цæрынц хæларæй, адæмыл тынг иузæрдион сты. Варычкæ йæ цард сбаста Кæрдзыны хъæуы цæрæг Богазты лæппуимæ, фæзынд сын æртæ фырты. Кæд æмæ Варычкæйы æнæниздзинад фæцудыдта, уæддæр архайы ирон æгъдау царды æвдисыныл.
Зинæ у Милдзыхты чындз, цæры Дзæуджыхъæуы. Йæ цардæмбал Таймуразимæ схастой иу чызг. Ацы къамы уынут мадызæнæг цыппар хойы: Зинæ, Азаухан, Ладимæт æмæ Варычкæ. Нæй дзы сæ хистæр хо Хадизæт, уый дæр æгас нал у. Фæнды мæ Хадизæты тыххæй фылдæр зæгъын. Уый Мæскуыйы сахуыр кодта хуыйæджы дæсны-
йадыл, бирæ рæстæг фæкуыста Беслæны хуыйджыты цехы хистæр хуыйæгæй.
Йæ хуыд уæлæдарæс ын адæм тынг агуырдтой, ныр дæр ма йæ æрымысынц. Хадизæт йæ цард сбаста Бызарты Темболатимæ, рантыст сын дыууæ сывæллоны. Темболат йæ цардæй ахицæн æрыгонæй, æмæ сылгоймаджы бахъуыд Индрис æмæ Фиолетæйы хъомыл кæнын, царды фæндæгтæм сæ рахонын.
Бавнæлдта æмæ сарæзта ног хæдзар, кæстæртæн ратта сахуыр кæныны фадæттæ. Уыдæттæ сылгоймагæн æнцон нæ уыдысты, фæлæ никуы ни-
цæмæй рахъаст кодта, никуы схъæрзыдта. «Мæнæ ныр цæрынмæ бавналон» куыд загъта, афтæ ахицæн йæ цардæй…
Азаухан уыд Дзандараты Юрийы бинойнаг, йе ‘цæг дунемæ ацыд æрыгонæй. Ладимæт смой кодта Рубайты Саукуыдзмæ, райгуырд сын лæппу – Таймураз. Дзиуаты чызг куыста бæрнон бынаты цъындауафæн фабрикæйы.
Варычкæ æмæ Зинæ цæрынц æмæ сæ зæрдыл дарынц сæ хотæ æмæ æфсымæрты, сæ ныййарджыты. Æппæт уыцы зындзинæдтæн бафæразын дæр хъуыд. Фæлæ æгъдауджын адæймаг фæразон у…
Богазты Арсæмæг,
журналистикæйы
ветеран














