Кæдмæ афтæ уыдзæн, кæнæ та ногæй — газет рафыссыны аргъы тыххæй

0
804

Газет æмæ газеткæсджытæ… Бирæ азты се ‘хсæн цы фидар бастдзинад æмæ уарзон ахастдзинæдтæ уыдис, уыдон абон лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæнынц. Ома, кæрæдзи зæрдæхудты никуы æмæ ницæмæй бацыдысты, фæлæ се ‘хсæн лæууы посты хайад æмæ дыууæты дæр къуырцдзæвæнмæ тæры. Уымæн æмæ сæ алы къахдзæф дæр бонæй-бонмæ зынаргъдæр кæны. Фæлæ Уæрæсейы посты цæгатирыстойнаг филиал архайы, цæмæй уавæр фæнывыл уа. Сæ лæггад бирæ у посты кусджытæн — редакциты коллективтæ цы ног номыр бацæттæ кæнынц, уый афойнадыл хæццæ кæнынц алы хæдзармæ дæр.

Хохæй-быдырмæ Ирыстоны хъæуты æмæ горæтты цæрджытæ сæ хъаст хæссынц комкоммæ редакцитæм. «Уарзæм газет, хъæуы нæ, фæлæ йын йæ аргъ æгæр систат», — зæгъынц уыдон. Уый ма зоной, æмæ æргътæ Уæрæсейы посты разамынд сисы.

Ахæм уавæрæн быхсæн нал ис, тиражтæ къаддæр кæнынц. Цы саразæн ис къуырцдзæвæнæй рацæуынæн? — ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыд, Стъараполы крайы Федералон посты бастдзинады управленийы æмæ макрорегион «Цæгат Кавказ»-ы директоры хæдивæг Цатур Агабекянимæ. Цæлхæмбырды архайдтой Федералон посты Цæгатирыстойнаг филиалы сæргълæууæг Дзайныхъты Хъазыбег, йæ хæдивджытæ Ортабайты Светланæ æмæ Годжыцаты Эммæ, республикон газетты сæйраг редактортæ Битарты Маринæ («Рæстдзинад»), Сакъиты Эльбрус («Дигорæ»), Олисаты Альбинæ («Слово»), газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редакторы хæдивæг Александр Торин.

Йæ разныхасы Цатур Агабекян куыд фехъусын кодта, афтæмæй иннæ кавказаг регионты ‘хсæн ирыстойнаг посты управлени ныр фæстаг цалдæр азы йæ куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ нымад у раздзогыл.

— Уæ фæлтæрддзинадæй арæх спайда кæнынц иннæ республикæтæ дæр. Ис лыггæнинаг фарстатæ, æмæ æргом æрныхас кæнæм, саразæн цы хъуыддагæн ис, ууыл бакусдзыстæм иумæ, — загъта уазæг.

— Æз нæ дзурдзынæн ныртæккæ, Уæрæсейы пост газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны аргъ куы систа, уæд уыцы хъуыддаг газеттæ æмæ журналтыл куыд фæзынд, ууыл, — райдыдта йæ ныхас Битарты Маринæ. — Уый тыххæй бирæ фæдзырдтам æмæ ма абон дæр дзурæм. Кæд алы аз газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны рæстæг мах регионы нæ фарсмæ депутаттæ, амалхъом адæм, республикæйы разамынд æрбалæууынц, уæддæр уый фылдæр пайда хæссы постæн, уымæн æмæ редакцитæ газеттæ æмæ журналты хиаргъ нæ бæрзонд кæнынц, цæмæй газеткæсæгæн бынтон зынаргъ ма лæууа.

— Куыд зонæм, афтæмæй УФ-йы Президенты уынаффæмæ гæсгæ, постæн дихгонд æрцыд сæрмагонд æххуыс субсидиты хуызы, фæлæ уыдон газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны æргътæ нæ фæныллæгдæр кодтой. Цæуылнæ? — бафарста Битарты Маринæ. — Стæй нымад цæуылнæ цæуы регионалон компонент? Чи зоны, Уæрæсейы бирæнымæцон газетты тиражæй æртæсæдæ æмæ цыппарсæдæ куы ахауа, уæд сыл, гæнæн ис, æмæ нæ фæзындзæнис. Фæлæ регионалон æмæ районты мыхуыры фæрæзты тираж сæдæ куы фæкъаддæр уа, уæддæр сыл хуыздæрæрдæм нæ сахаддзæнис.

— Газетты редакцитæ бирæ хæрдзтæ кæнынц — мыхуыры лæггæдтæ типографийæн, гæххæтты аргъ æмæ æндæртæ. Æмæ та ногæй хъусæм, газет рафыссыны аргъ, чи зоны, схиздзæнис, зæгъгæ. Уый куыд раст у? Цал æмæ цал хатты æрæмбырд стæм ацы фарстайы фæдыл, уæддæр кæронмæ æмбæрстгонд нæу. Газет адæм фыссынц 850 сомæй, редакцимæ уыдонæй хауы 150 сомы, — загъта газет «Северная Осетия»йы минæвар Александр Торин. — 100 азы адæмæн уарзон чи у, уыцы газет абоны хуызæн зын уавæры никуы уыд. Фæкъаддæр кодтам рауагъды сыфтæ. Мах куыд куыстам, афтæ кусæм, нæ газет адæмæн у цымыдисаг, фæлæ йæ уыцы аргъæй алкæй бон нæу рафыссын. Бæрнондæр цæстæй ракæсын хъæуы республикон газеттæм.

— Уæрæсейы посты Цæгатирыстойнаг хайад æмæ комкоммæ Дзайныхъты Хъазыбегимæ нын ис æнгом æмгуыстад, нæ алы курдиат дæр нын аккаг хуызы алыг кæнынц. Æрмæст ацы уаргъ йæ бынатæй не змæлы. Газеттæ рафыссыны рæстæг цас удвæллой бакæнæм, уый диссаг у. Зæгъæн ис, æмæ йæ архайдæй алы редакци дæр аккаг æвæрæн хæссы, цæмæй Уæрæсейы посты Ирыстойнаг филиал раздзогтимæ нымад цæуа. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, посты хайæдтæ бынæтты, куыд æмбæлы, афтæ зæрдиагæй нæ кусынц газеттæ æмæ журналтæ фыссыны рæстæг, — загъта Олисаты Альбинæ.

— Мах иу хъуыддагыл кусæм, нæ нысан дæр иу у, — адæмæн аккаг лæггæдтæ кæнын, — бафиппайдта Дзайныхъты Хъазыбег. — Куыд нæ бон у, афтæ архайæм, аразæм уæлæмхасæн мадзæлттæ дæр, сидæм адæммæ, цæмæй рагагъоммæ асламдæр аргъæй фыссой газеттæ æмæ журналтæ. Бауырнæд уæ, мах дæр ацы уавæрæй разы не стæм. Фæлтæрдджын журналист æмæ дæсны разамонæг, газет «Дигорæ»-йы сæйраг редактор Сакъиты Эльбрусы хъуыдымæ гæсгæ, спонсорты иухаттон æххуыстæй хъуыддаг нæ сырæздзæн, республикон газет рафыссын алы ирыстойнаг бинонтæ дæр хъуамæ сæ хæсыл нымайой.

Цатур Агабекян байхъуыста æмбырды архайджытæм. Йæ кæронбæттæн ныхасы уый фæнысан кодта, тарифты политикæйæн дзуапдæттæг паддзахад кæй у.

— Газеттæ æмæ журналтæ уарынæй постмæ стыр æфтиæгтæ нæ цæуы. Бамбæрстон уын уæ сагъæстæ. Абон цы уынаффæ рахæссæм, уый æз фæхæццæ кæндзынæн Уæрæсейы посты уæлдæр хицауадмæ, — загъта Цатур Агабекян.

Ахæм фембæлдтытæ арæхдæр кæнын кæй хъæуы, уыцы хатдзæгмæ æрцыдысты цæлхæмбырды архайджытæ æмæ уынаффæ рахастой, фыццаджыдæр, Уæрæсейы посты Цæгаткавказаг управленийы сæрдар Сергей Муратовмæ фыстæг-курдиат бацæттæ кæнын. Дыккаг та — тагъд рæстæг газетты редактортæ æмæ посты æппæт хайæдты сæргълæуджытæн иумæйаг фембæлд саразын.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here