Республикæйы синоптикты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг боныхъæд фæивдзæн, уардзæн тæрккъæвдатæ, æхсæвы температурæ æрхаудзæн. Ууыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд Хицауады радон аппаратон æмбырды. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы нæ республикæйы Хицауады уæнгтæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, министрадтæ æмæ иннæ ведомствæты разамонджытæ.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег куыд загъта, афтæмæй фæстаг къуырийы дæргъы республикæйы æнæнхъæлæджы цаутæ бæрæггонд не ‘рцыд. Арвыкомы фæндаг гом у транспорты æппæт хуызтæн дæр. Хæхты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй.
– Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 1950 уæзласæн машинæйы, уыдонæй 650 – сæрмагонд бынæтты. Электронон рады æнхъæлмæ кæсынц 2600 машинæйы, – фехъусын кодта Икъайы-фырт.
Æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ граждайнаг хъахъхъæнынады комитеты сæрдар Александр Хоружий куыд радзырдта, афтæмæй, ацы къуыри тыхджын къæвдатæ æмæ мит кæй уардзæн, уый аххосæй хæхты тæссаг у дурты зæйтæ рацæуынæй. Уый фæдыл Цæгат Ирыстоны расиддзысты уæлдæр цæттæдзинады фæтк.
Сергей Меняйло Цæрæнуатон-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрадæн бафæдзæхста хъармгæнæн рæстæгыл бафтауын, цалынмæ боныхъæд фæхуыздæр уа, уæдмæ. Ноджы ма бафæдзæхста фылдæр æргом бирæфатерон хæдзæртты цалцæгмæ аздахын, лифттæ баивынмæ.
«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ОРВИ, грипп æмæ æндæр тæссаг низтимæ баст уавæр нæ республикæйы у нывыл. Ивгъуыд къуырийы дæргъы ковидæй фæрынчын иу адæймаг. Республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад æмæ «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг хайад аразынц æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй уавæр дарддæр дæр нывылгонд цæуа. Скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты алы райсом дæр бæрæггонд цæуы сывæллæтты æнæниздзинад.
Республикæйы Сæргълæууæг Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийæн бахæс кодта, тыхджын къæвдатæ кæй рауардзæн, уый тыххæй, уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы бынæттæ рагагъоммæ ныссыгъдæг кæнын, цæмæй та горæты уынгтæ доны бын ма фæуой. Ноджы ма сын бафæдзæхста сæрмагонд проект саразын, горæты, уæлдайдæр та йæ историон хайы, сæрдыгон улæфæн бынæтты æддаг бакасты тыххæй.
– Æз «верандæты» ныхмæ нæ дæн, фæлæ нæ горæты историон хайæн
хъуамæ йæ бакаст ма халой, кæй куыд фæнды, афтæ сæ ма аразой, – загъта регионы разамонæг.
Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци æмæ паддзахадон автоинспекцийæн бахæс кодта, Весенняя æмæ Курсанттæ-Кировонты уынгтæ кæм баиу сты, уым рухснысан сæвæрын.
Дарддæр ма Сæргълæууæг нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйæн бафæдзæхста, фыццаджыдæр, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, стæй дзы чи фæмард, уыдоны сывæллæттæн, сæрдыгон улæфæн бонты се ’нæниздзинад кæм дзæбæх кæной, ахæм бынæттæ сбæрæг кæнын.
– Сæрд æрхæццæ кæны. Хъуамæ нæ и сывæллæттæ сæ фæллад уадзынмæ ацæуой æндæр горæттæм, уыцы горæттæй та махмæ æрбацæудзысты, цæттæ уæвын хъæуы алы хъуыддагæй дæр, кæм цæрдзысты, кæм улæфдзысты æмæ афтæ дарддæр, – фæнысан кодта Сергей Меняйло.
Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














