Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур хъуыддаджы балцы уыд республикæйы Æрæфы æмæ Æрыдоны районты.
Балцы рæстæг парламентари фембæлд «Иугонд Уæрæсе»-йы партион активимæ, хъæуты разамонджытæ æмæ æхсæнадон организациты уæнгтимæ. Амынд районтæ партийы адæмон программæ куыд æххæст кæнынц, фембæлды архай-джытæ ууыл æмæ цардархайды æндæр фарстатыл æрныхас кодтой.
– Æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, фæзуæтты нывылкæнынад æмæ барадон зæрдæдарæнты къабæзты райрæзтмæ арæзт чи у, адæмон программæмæ бахастой æппæт бæстæйы цæрджыты ахæм фæдзæхстытæ (уыимæ – цæгатирыстойнæгтæй æрбафтæг курдиæттæ дæр). Нæ республикæ адæмон программæйы амынд хæслæвæрдты фылдæр хай æнæлазæй æххæст кæны, – ныхас кæнгæйæ, загъта Таймазы-фырт.
«Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ æххæст кæныны фæткмæ гæсгæ, Æрæфы районы аст скъолайы, центрон рынчындоны, поликлиникæ æмæ Сырх-Дыгуры амбулатори бындуронæй сцалцæг кодтой, Мæцутæйы та сарæзтой фелсырон-акушерон кусæндон. Социалон газифтонгады программæ æххæссы 66 хæдзарыл.
Партион проект «Горæтаг уавæртæ» дæр æххæстгонд цæуы. Районы кæй банывыл кодтой, уыцы æхсæз объектæй иу у Цыколайы Уæлахизы парк. Ацы парк аразын райдыдтой 1985 азы. Уыцы заман Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 40 азы юбилейы кадæн ам ныссагътой бæлæсты талатæ æмæ объект схуыдтой Уæлахизы парк. Объекты фæзуатыл сæвæрдтой QR-кодты фыстытимæ информацион колоннæтæ. QR-кодты фæрцы адæймаг базонгæ уыдзæн Æрæфы районæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты биографион бæрæггæнæнтимæ.
Партийы адæмон программæйы фæрцы Æрыдоны районы фондз ахуыргæнæндоны бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты, Къостайыхъæуы æмæ поселок Бехъаны та байгом сты ног амбулатори æмæ фелсырон-акушерон кусæндон. Цалдæр хъæуы донуадзæн хæтæлтæ нывылгонд æрцыдысты.
Æрыдойнæгтæ спорты райрæзтмæ стыр æвæрæн бахæссыны тыххæй депутатæн раарфæ кодтой. Фембæлды архайджыты ныхасмæ гæсгæ, æрвылаз районы чи ацæуы, Таймазты Артуры призтæ рамбулыныл хъæбысæйхæцджыты уыцы турниры фæрцы спортивон секциты архайæг фæсивæды нымæц бæлвырд фæфылдæр.
Бигъуылаты Белянæ














